Хуссар Иры парламент ӕркӕсдзӕн генпрокуроры кандидатурӕмӕ сессийыл дыццӕджы

Закондӕттӕг органы сессийы рабадт ацӕудзӕн дыццӕджы. Амӕйразмӕ президент Бибылты Анатолий барвыста парламентмӕ куырдаит ног генпрокуроры фӕдыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны парламенты ӕрксӕдзысты президент Бибылты Анатолийы куырдиатмӕ Виталий Савченкойы кандидатурӕйы фӕдыл генералон прокуроры бынатмӕ, хъусын кӕны закондӕттӕг органы пресс-службӕ. Ӕмбӕлон фарст рахастой сессийы рабадтмӕ, кӕцы ацӕудзӕн дыццӕджы, 6 апрелы.

Хуссар Иры президент бавдыста парламентмӕ ног генпрокуроры кандидатурӕ

Сессийы боны фӕткмӕ ӕдӕппӕт бацыдысты аст фарсты, сӕ нымӕцы законы проект "Ленингоры районы администратион-территориалон арӕнтӕ снысан кӕныны фӕдыл" ӕмӕ "Тамако"-йы фӕдыл законмӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссын.

Президент Бибылты Анатолий 26 марты банхъардта парламентмӕ Виталий Савченкойы кандидатурӕ Хуссар Ирыстоны генералон прокуроры бынатмӕ, уымӕн ӕмӕ генпрокуратурӕйы ныры сӕргълӕууӕджы куысты ӕмгъуыд фӕуд кӕны апрелы. Депутаттӕн фарстмӕ ӕркӕсынӕн ис 10 боны (6 апрелы онг). Дӕс парламентон комитетӕй авд хорзыл нӕ банымадтой Савченкойы кандидатурӕ.