МХМ фехъусын кодтой Хуссар Иры криминогенон уавӕры тыххӕй

Барадхъахъхъӕнӕг органы радзырдтой ивгъуыд къуырийы фыдракӕндтӕ ӕмӕ фӕндӕгтыл уавӕры тыххӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны территорийыл ивгъуыд къуыри ӕрцыд иу фӕндагон-транспортон цау, кӕцыйы фӕстиуӕгӕн бахъыгдард иу адӕймаг. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Хуссар Иры милици рахызт дарӕсы сӕрдыгон формӕмӕ

Афтӕ ма, Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 174 фӕткхалды.

"Иу шофыры фӕдыл сарӕзтӕуыд административон протокол автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уымӕй дарддӕр, ивгъуыд къуыри регистрацигонд ӕрцыд иу фыдракӕнд. Алыгъуызон фӕткхӕлдты тыххӕй бӕрнмӕ ӕрбаздахтой цалдӕр адӕймаджы, уыдонӕй цыппары – ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны фӕдыл.