Фестивальтӕ ӕмӕ равдысттӕ: Цхинвалы азы дӕргъы ацӕудзӕн ӕхсӕз культурон мадзалы

Культурӕйы министрады дӕлбар адӕмон сфӕлдыстады центр сорганизаци кӕндзӕн конкурстӕ, фестивальтӕ ӕмӕ фоторавдысттӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы азы дӕргъы ацӕудзӕн ӕхсӕз культурон мадзалы. Адӕмон сфӕлдыстады центр сорганизаци кӕндзӕн конкурстӕ, фестивальтӕ ӕмӕ фоторавдысттӕ.

Цхинвайлаг дизайнеры коллекци "Bohemia" архайы модӕйы конкурс "Новые имена в моде"

Культурӕйы министрады дӕлбар адӕмон сфӕлдыстадон центр ӕнгӕс мадзӕлттӕ уадзы ӕрвылаз дӕр. Сӕ хъӕппӕрисӕй равзарынц хуыздӕр кафджыты, вокалистты, фотографты.

"Ныр ӕхсӕзӕм хатт ацӕудзысты зарӕггӕнджыты фестивальтӕ "Ирыстоны хъӕлӕстӕ", "Бинонтӕ - курдиатты стъалыгуыппар", адӕмон кафты фестиваль "Ирон кафт". Ныр ӕхсӕз азы дӕргъы цӕуы фотоконкус ӕмӕ йӕ фӕстӕ та хуыздӕр куыстыты равдыст", - загътой министрады пресс-службӕйы.

Ноджы ма иу гуырахстджын сфӕлдыстадон мадзал та суыдзӕн "Ирон адӕмон кӕфтытӕ ӕмӕ хъӕзтытӕ", бафтыдтой уагдоны.

Мадзæлттæ нывæзтгонд сты азы дыккаг хаймæ.