Хуссар Иры премьер радта хӕслӕвæрдтӕ Инвестпрограммӕйы реализацийы фӕдыл

Знон республикӕйы хицауады ацыд рабадт 2021 азмӕ инвестицион программӕйы фарстыты фӕдыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 апр - Sputnik. Хуссар Ирыстоны премьер-министр Бекъойты Геннадий бахӕс кодта арӕзтады министр Зӕгъойты Эдуардӕн иудадзыг хъус дарын ацы азы Инвестпрограммӕйы реализацимӕ, афтӕ ма хыгъдлӕвӕрд дӕттын промблемӕты тыххӕй.

Хуссар Иры премьер: Ӕмдзæрины зонæйæн хъæуы раздахын республикæйы хордоны ном

Хицауады сӕрдар уый тыххӕй фехъусын кодта 2021 азмӕ Инвестпограммӕйы реализацийы фарстыты фӕдыл рабадты рӕстӕджы дыццӕджы, банысан кодтой хицауады пресс-службӕйы.

Бекъойты Геннадий бахахх кодта, хъус дарын кӕй хъӕуы ӕрмӕст арӕзтады гъӕдмӕ нӕ, фӕлӕ ма ӕхсӕнуагдонон ӕмархайд сорганизаци кӕнынмӕ.

"Ахсджиаг у, цӕмӕй арӕзтадон процессы министрадтӕ ӕмӕ уагдӕтты иууылдӕр кусой ӕнӕ цӕлхдуртӕй. Уый гӕнӕн уыдзӕн сӕххӕст кӕнын процессы хайадисджыты ӕмархайды руаджы", - банысан кодта премьер.

2021 азмӕ Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты уӕрӕсейаг финансон ӕххуысы лимит у 1,350 миллиард сомы, кӕцытӕ ацӕудзысты 26 мадзалы реализацийӕн.