Хуссар Иры премьер: Ӕмдзæрины зонæйæн хъæуы раздахын республикæйы хордоны ном

© Пресс-служба правительства РЮОХицауады сæргълæууæг бабæрæг кодта Ӕмдзæрины зонæйы æхсæз хъæуы
Хицауады сæргълæууæг бабæрæг кодта Ӕмдзæрины зонæйы æхсæз хъæуы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.04.2021
Рафыссын
Хицауады сæргълæууæг бабæрæг кодта Ӕмдзæрины зонæйы æхсæз хъæуы, аныхас кодта бынæттон цæрджытимæ, афтæ ма хъæууон администрациты æмæ хæдзарæдты минæвæрттимæ

ЦХИНВАЛ, 7 апр - Sputnik. Ленингоры районы цалдæр хъæуæн, кæцытæ советон рæстæджы уыдзысты Хуссар Ирыстоны раззагон аграрон центр, хъæуы раздахын республикæйы хордоны ном, загъта премьер-министр Бекъойты Геннадий, хъусын кæны хицауады пресс-службæ.

 Цы къуыхцы кæны хъæууон хæдзарады размæцыд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.02.2020
Завод, куырой æмæ уæйы базæрттæ: цы къуыхцы кæны хъæууон хæдзарады размæцыд

Премьер кусæгон балцы æрзылд Ӕмдзæрины (Цъинагары) зонæйыл, кæцымæ хауы æхсæз цæрæн пункты. Хицауады сæрдаримæ уыдысты хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан æмæ районон хицауадты уæнгтæ. Уыдон фембæлдысты бынæттон цæрджытимæ, хъæууон администрациты æмæ хæдзарæдты минæвæрттимæ. Дзырд цыд актуалон фарстытыл, кæцытæм хаудысты уалдзыгон быдырон куыстытæ, хъæууон хæдзарадты адихтæ кæнын, хъæуты инфраструктурæ фæхуыздæр кæнын, донхæрæн уавæтæ æрнывыл кæнын æмæ æндæртæ.

"Ацы актуалон фарстытæ иууылдæр цаддæгай цæудзысты скъуыддзаг. Фæхуыздæр кæндзыстæм хъæууонхæдзарадон техникæйы парк дæр, кæцы фæстаг рæстæджыты баххæст æмæ ноджы куыст цæуы уыцы къабазы. Бакусдзыстæм фæндагон инфраструктурæ фæхуыздæр кæныныл дæр, дон æмæ рухсы ифтонгадыл. Иумæйаг тыхтæй нын бирæ бантысдзæн, зæххы куыст кæнын нæ фæндæт, уый йедтæмæ", - бахахх кодта Бекъойты Геннадий.

Хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан банысан кодта, уагдон æнгом кæй кусы уæрæсейаг коллегæтимæ, цæмæй баххуыс кæной фермертæн тауинагæй æмæ уыцы куыстæн ныридæгæн ис фæстиуджытæ.

Уалыты Ирбеджы тыллæджы дуне - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.09.2020
Бынæттон джитъри æмæ помидор: Уалыты Ирбеджы тыллæджы дуне

Афтæ ма куыст цæуы æнæмæнгхъæуæг техникæ самал кæныныл дæр. Министр ма зæрдыл æрлæууын кодта, къуыри раздæр кæй балхæдтой дыууæ тауæн машинæйы, кæцытæн сæ бон у æмрæстæджы хъацæнтæ пырх кæнын дæр. Уыдонæй иу ратдзысты Ленингоры районмæ.

Мæргъиты Аланы ныхæстæм гæсгæ, æдæппæт Цъинагары зонæйы ис 1200 гектары онг быдыртæ, уыдонæй 800 гектарыл ныридæгæн тыд æрцыд мæнæу æмæ хор.

Афтæ ма дзырд цыд зæххыты арендæйы фарстытыл дæр. Хицауады сæрдар бахæс кодта районы хистæр Гулиты Владимирæн æркæсын ацы фарстмæ æмæазы кæронмæ ногæй саразын арендæйы фæдыл бадзырдтæ.

Хъæуы цæрджытæ ма бахатыдысты хицауады уæнгтæм, цæмæй сын баххуыс кæной уæлбар кредиттимæ æмæ зонæйы территорийыл донхæргæнæн резервуар саразыны хъуыддаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0