Хуссар Иры сывæллæтты омбудсмен бабæрæг кодта æххуысхъуаг бинонты

Цхуырбаты Татьяна Мидхъуыддæгты министрады хайады кусджытимæ басгæрста, сывæллæттæ цы уавæрты цæрынц, уый. Афтæ ма сын уазджытæ сæ къухы байстой цардуагон хими æмæ гигиенæйы фæрæзтæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 15 апр — Sputnik, Хъуылымбегты Зæлинæ. Хуссар Ирыстоны президенты цур сывæллæтты барты фæдыл æвджиддар Цхуырбаты Татьяна  æнахъомты хъуыддæгты фæдыл инспекцийы кусджытимæ иумæ бабæрæг кодта столицæ æмæ Цхинвалы районы æххуысхъуаг бинонты.

Хуссар Иры сывæллæтты омбудсмен бабæрæг кодта æххуысхъуаг бинонты

Сывæллæтты омбудсмен Sputnik куыд фехъусын кодта, афтæмæй балц арæзт æрцыд, цæмæй базоной, цы уавæрты цæрынч сывæллæттæ, цы цух сты, науæд та мыййаг сæ бартæ хæлд цæуынц æви нæ, уыдæттæ. Балцы фæстиуджытæм гæсгæ рафæлгъаугæ проблемæтæ скъуыддзаг цæудзысты оперативонæй.

"Президент Бибылты Анатолийы æххуысы фæрцы балхæдтам цалдæр бинонтæн æнæмæнгхъæуæг цардуагон техникæ, кæцыдæр бинонтæн та баластам сывæллæтты мебель. Афтæ ма сыл байуæрстам хæлцадон продукттæ, цардуагон хими æмæ гигиенæйы фæрæзтæ", - загъта уый.

Уымæй дарддæр ма скъолаагъоммæ кары сывæллæтты та бакодтой сабидæттæм.

Хуссар Иры сывæллæтты омбудсмен бабæрæг кодта æххуысхъуаг бинонты

"Фæнды мæ банысан кæнын Цхинвал æмæ Цхинвалы районы мидхъуыддæгты хайады кусджыты профессионализм æмæ аудындзинад. Уыдон рæстæгыл сæ хъус æрдарынц сывæллæтты цухдзинæдтæм, зонынц сын иууылдæр сæ уавæртæ", - бахахх кодта Цхуырбаты Татьяна.

Хуссар Иры сывæллæтты омбудсмен бабæрæг кодта æххуысхъуаг бинонты