Хуссар Иры районтæ райстой хъæууон хæдзарадон техникæ

Сæ нымæцы ис минералон хъацæнтæ пырхгæнæн агрегат, трактор Кировец, æввахс рæстæджы ма райсдзысты ноджы цыппар комбайны, Беларусь трактортæн гутæттæ, иу трактор Т-150 йæ культиватортимæ, бульдозер, прессгæнæн æмæ æндæр ахæмтæ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 16 апр – Sputnik, Дриаты Лейла. Хуссар Ирыстоны Цъинагары хæдзарадæн лæвæрд æрцыд гербицидтæ æмæ минералон хъацæнтæ пырхгæнæн агрегат, фехъусын кодта "Агропромсервис"-ы директор Сагкаты Витали.

Нæ республикæйы цы кадавар техникæ ис, уый фаг нæу хъæууонхæдзарадон куыстытæ æххæстæй æмæ кæронмæ бакæнынæн. Уый тыххæй тыхсынц арендатортæ æмæ хицæн зæхкусджытæ.

"Зæххы иууыл фылдæр фæзуат бакусынц Ленингоры районы цалдæр хæдзарады æмæ Цъинагары хæдзарадæн лæвæрд æрцыд гербицидтæ æмæ минералон хъацæнтæ пырхгæнæн агрегат", - загъта Сагкаты Витали.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, районы хæдзарадтæ дзæвгар гектартæ бакусынц æмæ æрзайын кæнынц æфсирон культурæтæ, фæлæ сын тауæн агрегаттæ дыууæ йедтæмæ нæй æмæ ма уымæ гæсгæ ахæм ног тауæн ратдзысты ацы хæдзарадæн.

Хуссар Иры премьер: Ӕмдзæрины зонæйæн хъæуы раздахын республикæйы хордоны ном

Иннæ тауæн та уыдзæн Цхинвалы районы æмæ дзы сæ куыстытæ æххæст кæндзысты йæ хæдзарадтæ, фæлæ куы бахъæуа, уæд кусдзæн Знауыры районы дæр.

Цхинвалы районæн ма лæвæрд æрцыд Кировец трактор, уый кæны хуым, мæр фæлмæн æмæ хырыз кæны æмæ æххæст кæны тауыны куыст дæр. Цы ног комбайн нæм æрхæццæ, ууыл та кусдзысты Уелиты хъæуы фыццаг бригадæйы комбайнертæ.

"Æрмæст уыцы техникæ нæ, фæлæ ма тагъд рæстæджы æнхъæлмæ кæсынц æндæр хъæууонхæдзарадон техникæмæ дæр. Хоргуыстгæнджытæм ис 9 комбайны, уыдонæй иу у ног, иннæтæ та зæронд кæй сты, уый тыххæй арæх сæ куыстæй æрлæууынц. Æввахс рæстæджы ма ноджыдæр райсдзысты цыппар комбайны", - бафтыдта уый.

Ног техникæйæ ма республикæ ноджыдæр райсдзæн Беларусь трактортæн гутæттæ, иу трактор Т-150 йæ культиватортимæ, бульдозер, прессгæнæн æмæ æндæр ахæмтæ.