Митуардты фӕрцы: Хуссар Иры ацы аз цӕугӕдӕтты ӕмӕ цадты доны ӕмвӕзад уыдзӕн бӕрзонд

Фӕстаг рӕстӕджы боныгъӕд фӕуазалдӕр ис ӕмӕ хӕхты мит ныссӕлы, уый та нысан кӕны, цадӕггай кӕй тайдзӕн ӕмӕ цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ цӕдты ӕмвӕзад уыдзӕн бӕрзонд
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны цадтӕ ӕмӕ цӕугӕдӕтты гуырахст уыдзӕн бӕрзонд, уый зӕгъӕн ис,  зымӕджы бирӕ мит кӕй ныууарыд, уымӕн гӕсгӕ. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта ӕрдзон ресурсты комитеты хистӕр Бестауты Бала.
Ацы уалдзӕджы ӕнӕ графикӕй: Хуссар Иры столицæйы фæхуыздæр ис нуазыны доны уавæр
"Хӕхты бирӕ мит ныууарыд, кӕмтты рацыдысты зӕйтӕ. Фӕстаг рӕстӕджы боныгъӕд фӕуазалдӕр ис ӕмӕ мит ныссӕлы, уый та нысан кӕны, цадӕггай кӕй тайдзӕн ӕмӕ цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ цӕдты ӕмвӕзад уыдзӕн бӕрзонд", - загъта уый.
Бестауты Бала ма радзырдта, дыууӕ къуырийы ӕмгъуыдмӕ кӕй байдзаг уыдзӕн Зонкъары донӕмбырдгӕнӕн дӕр.
"Цады дон фарон ауагътой, цӕмӕй бахизой йӕ шахтӕтӕм ӕмӕ сӕ сцалцӕг кӕной. Донӕмбырдгӕнӕны уадзӕн шлюзты мотортӕ уыдысты хӕлд ӕмӕ сӕ Уӕрӕсейӕ 'рцӕугӕ специалисттӕ сарӕзтой хицауады заказмӕ гӕсгӕ. Ныр цад йедзаг кӕны. Зӕгъӕн ис, ацы аз адӕмӕн фадат уыдзӕн йӕ былыл улӕфынӕн", - бафтыдта комитеты хистӕр.