ЦХИНВАЛ, 23 апр – Sputnik, Дриаты Лейла. Цхинвалы районы Сатихъары хъæуккаг Джыгкайты Хаджумар йæхи нæ атигъ кодта ахуыргæнæг-хъомылгæнæджы дæсныйадыл æмæ ныр дзæвгар азты Цхинвалы аивæдты лицейы ахуырдзаутӕн амоны ирон фæндырдзагъды сусæгдзинæдтæ.
Лицейы ирон фæндыртæ ис æртæ æмæ кæстæртæ зæрдæбынæй фæцæттæ кæнынц, сæ ахуыргæнæг сын цы цæгъдтытæ фæамоны, уыдон. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахуыргæнинæгтæй алчи уыцы дæсныйад нæ равзары, фæлæ сыл уæддæр сомбоны царды хорзæрдæм кæй бандавдзæн, уый бæрæг у.
"Аив цæгъдын амонынæн ис йæхи сусæгдзинæдтæ. Иутæм чизоны æнцон кæсы фæндырыл сахуыр кæнын. Фæлæ нæ хъусдард лæмбынæг куы аздахæм, уæд фæхатдзыстæм, æрмæст нотæты фæрцы фæндыры амонæнтыл æнгуылдзтæ азгъорын фаг кæй нæу. Цæмæй уацмыс ирдæй рантыса фæндырдзæгъдæджы фæрцы, бахъара хъусæджы зæрдæмæ, уый тыххæй ма дзæвгар аивадон амæлттæ бахъæуы сæххæст кæнын", - радзырдта Джыгкайты Хаджумар.
Уыцы сусӕгдзинӕдтӕ нырма скъоладзау нæ фæхаты, æрмæст сындæггай разынынц ахуыргæнæджы æдзухон амынды фæрцы. Джыгкайы-фырт уыдæттæ зæрдыл дары æмæ алы райдайæг цæгъдæгæн дæр зæрдиагæй фæамоны йӕ дӕсниад.
Йæ ахуыргæнинæгтæй сæ иу - Уалыты Регина ахуыры рæстæджы уыд тынг зæрдæргъæвд æмæ ныртæккæ та ахуыр кæны Дзæуджыхъæуы Гергиты Валерийы номыл аивæдты ахуыргæнæндоны.
"Ацы аз дæр мæм ахуыр кæны 11 скъоладзауы, уыдоны хсæн ис, сæ фæндырдзагъдæй адæмы йæхимæ чи æрхъусын кæны, ахæм æрыгон цæгъдджытæ - Гæбæраты Ирбег, Тедеты Мария, Дзеранты Карина, Цæбиты Марат", - зæгъы фæндырдзæгъдæг.
Хаджумар фæндырыл цæгъдыны сусæгдзинæдтæ æрмæст ам нæ амоны, фæлæ ма хæдзарон уавæрты дæр, æнæ мыздæй. Зæгъæм, йæ зонындзинæдтæ нæ бахæлæг кодта Якименко Владикæн, уый фæстæдæр хорз нысæнттыл каст фæци Æлборты Феликсы номыл Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндон.
Ахуыр каст фæуыны фæстæ фæндырдзæгъдæгæй кусы Цхинвалы районы кафты ансамбль "Амонд"-ы æмæ Тъбеты хъæууон культурæйы хӕдзары. Уый æрмæст ацы кæстæры кой ракодта, фæлæ æнæуый та тынг бирæ сты, Хаджумары фæрцы фæндырæй цæгъдыныл чи фæхæст, уыцы фӕсивӕд.
Джыгкайы-фырт дарддæр дæр цæстуарзонæй архайы, цæмæй сомбонæн хъомыл кæна аккаг фæлтæр, республикæйы фылдæр кæной фæндырдзæгъдджытæ æмæ сæ рæсугъд аивадæй рухс кæной се ‘мбæстæгты зæрдæтæ.