Хуссар Иры Национ банк рахиздзӕн куыстмӕ майы улӕфт бонты, цӕмӕй бафидой мыздтӕ

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны президент бахӕс кодта республикӕйы финансты министрадӕн рӕстӕгыл бафидын мыздтӕ ӕмӕ пенситӕ майы улӕфт бонтӕм ӕнӕкӕсгӕйӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 апр – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны Национ банк кусдзӕн 3, 4 ӕмӕ 5 майы, цӕмӕй бафидой республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн мыздтӕ ӕмӕ пенситӕ, фехъусын кодта Sputnik Хуссар Ирыстоны Национ банчы сӕргълӕууӕг Джиоты Жанна.

"Мах рахиздзыстӕм куыстмӕ, цӕмӕй бафидӕм мыздтӕ, афтӕ ма уӕрӕсейаг (кӕд уыдон ӕрбацӕуой майрӕмбоны онг) ӕмӕ бынӕттон пенситӕ. Абон уый фӕдыл информаци бахӕццӕ кодтам РХИ Сбербанкы къухдариуӕгадмӕ", - бахахх кодта Джиоты Жанна.

Хуссар Иры президент бахæс кодта рæстæгыл раттын мызд адæмæн
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, бӕрӕгбонты рӕстӕджы банк нӕ ӕххӕст кӕндзӕн фиддонтӕ Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хсӕн, уымӕн ӕмӕ уӕрӕсейаг банк, кӕцыимӕ ӕмгуыстад кӕны Национ банк, кусы Уӕрӕсейы бӕрӕгбонты къӕлиндармӕ гӕсгӕ, цы ран 1-ӕй 10-ӕм майы онг сты улӕфт бонтӕ.

Кредитты тыххӕй Джиоты Жанна банысан кодта, уыдоны ӕмгъуыд кӕй адарддӕр кодтой. Национ банчы сӕ бафидын уыдзӕн гӕнӕн фыццаг кусӕгон бон – 11 майы, бынӕттон Сбербанкы та – 11-ӕй 15-ӕм маймӕ.

Президент къуырисӕры бафыста барамынд майы улӕфт бонты фӕдыл, кӕцымӕ гӕсгӕ ӕнӕкусӕгон бонтӕ уыдзысты 1-ӕй 10-ӕм майы онг.