Хуссарирыстойнаг боксер ссис ЦКФЗ-йы бронзæйон призер

Республикӕйы спортивон кад хъахъхъӕдтой ӕртӕ боксеры, фӕлӕ призерты нымæцмæ бахызт æрмæст Санахъоты Андрей
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Боксы скъолайы минӕвар Санахъоты Андрей ссис Цӕгат Кавказы федералон зылды (ЦКФЗ) ерысты бронзæйон призер, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Куымӕридтаты Родион.

"Санахъоты Андрей бацахста æртыккаг бынат. Ахæм бæрзонд æмвæзады ерысты уый у хорз хатдзæг. Ерысты фæлгæтты уый рамбылдта дыууæ тохы, иуы та дзы æмсæр тохы фæхæрд ис ерысты уæлахиздзауæн", - загъта тренер.
Хуссарирыстойнаг боксер ссис ЦКФЗ-йы бронзæйон призер

Уый ма бафтыдта, аннæ дыууæ лæппу - Гуыцмӕзты Руслан æмæ Гуыцмӕзты Тамерлан дӕр сæхи аккаг кӕй равдыстой, фæлæ призерты нымæцмæ нæ бахызтысты.

Цӕгат Кавказы федералон зылды ерыстæ ахицæн сты 30 апрелы, ам фӕсивӕд ӕвзӕрст цыдысты Уӕрӕсейы фыццагадмӕ.