Бибылты Анатолий хайад райста Донецкы фӕмардуӕвӕг хъахъхъӕнджытӕн цырты баконды

Донецкаг адӕмон республикӕйы фӕмардуӕвӕг хъайтартӕн цырт арӕзт ӕрцыд Хуссар Ирыстоны ӕхсӕнадон мӕ хӕрзаудӕн организациты фӕрцы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 май — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий хайад райста Донецкаг Адӕмон республикӕйы фӕмардуӕвӕг хъайтартӕн цырт бакӕныны церемонийы. Уый тыххӕй хъусын кӕны бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

Цыртдзӕвӕн ДАР балӕвар кодта Хуссар Ирыстон. Уый ӕвӕрд ӕрцыд бӕстӕйы фыццаг сӕргълӕууӕг Александр Захарченкойы номыл парчы.

Бибылты Анатолий хайад райста Донецкы фӕмардуӕвӕг хъахъхъӕнджытӕн цырты баконды

ДАР сӕргълӕууӕг Денис Пушилин бузныг загъта Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕн сӕ лӕггады тыххӕй Донецкы хъайтартӕн.

"Мах бузныг зӕгъӕм ирон адӕмӕн, уыдон фӕрцы нын фадат фӕцис сӕвӕрын цырт нӕ хъайтартӕн, кӕцытӕ сӕ цард нывондӕн ӕрхастой, цӕмӕй нӕ бӕстӕтӕ цӕрой", - банысан кодта Денис Пушилин.

Уый ма ноджы загъта бузныг ирыстойнаг бархионтӕн, кӕцытӕ "фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ слӕууыдысты нӕ хӕстонты фарсмӕ ӕмӕ хъӕхъхъӕдтой Донецкаг ӕмӕ Луганскаг Адӕмон республикӕты хӕдбардзинад ӕмӕ сӕрибардзинад".

Бибылты Анатолий хайад райста Донецкы фӕмардуӕвӕг хъахъхъӕнджытӕн цырты баконды

Бибылты Анатолий банысан кодта йӕ раныхасы, зӕгъгӕ, "Донбассы дӕр ӕмӕ Хуссар Ирыстоны дӕр сӕ райгуырӕн бӕстӕйы сӕраппонд фӕмардуӕвӕг лӕппутӕ сты сӕ фыдты ӕмӕ дадаты - Стыр Фыдыбӕстон хӕсты ветеранты - идейӕтӕ дарддӕргӕнджытӕ".

"Махӕн нӕ хӕс у цыт кӕнын уӕдӕй абоны онг хъайтартӕн. Мах стӕм иу, ӕмӕ иумӕ арӕм тыхтӕ, цӕмӕй неофашизмы ныхмӕ тох кӕнӕм", - загъта Хуссар Ирыстоны президент.

Бибылты Анатолий хайад райста Донецкы фӕмардуӕвӕг хъахъхъӕнджытӕн цырты баконды

Бибылты Анатолий ма банысан кодта Хуссар Ирыстоны фӕцӕфуӕвджыты фонды хайбавӕрд цырт сӕвӕрыны хъуыддагмӕ.