Ӕнӕ цаутӕй: МХМ радзырдтой, куыд ацыдысты бӕрӕгбонтӕ Хуссар Иры

Уӕлахизы бон ӕмӕ динон бӕрӕгбонты рӕстӕджы ӕхсӕнадон фӕткмӕ сӕ хъус дардтой Мидхъуыддӕгты министрады цалдӕр сӕдӕ кусӕджы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 11 май – Sputnik, Козаты Диана. Уӕлахизы боны 76-ӕм афӕдзыбоны цытӕн мадзӕлттӕ Хуссар Ирыстоны ацыдысты ӕнӕ фӕткхӕлдтӕй, фехъусын кодтой Sputnik МХМ пресс-службӕйы.

Уӕлахизы бонӕн нывонд цытджын мадзӕлттӕ ацыдысты Цхинвал ӕмӕ республикӕйы районты. Афтӕ ма 9 майы Хуссар Ирыстоны банысан кодтой динон бӕрӕгбон - Бӕлдӕрӕнтӕ.

"Мадзӕлттӕ иууылдӕр ацыдысты сабыр уавӕры. Ӕхсӕнадон фӕтк халӕн цаутӕ регистрацигонд не 'рцыдысты", - банысан кодтой пресс-службӕйы.

Уӕлахизы бон ӕмӕ динон бӕрӕгбон - Бӕлдӕрӕнты - рӕстӕджы ӕхсӕнадон фӕткмӕ сӕ хъус дардтой Мидхъуыддӕгты министрады цалдӕр сӕдӕ кусӕджы.