Хуссар Иры ӕвӕрынц дидинтӕ Уӕрӕсейы минӕварадмӕ Казаны трагедийы фӕдыл

Дыццӕджы Казаны скъолатӕй сӕ иуы ӕрцыд ӕвирхъау трагеди, ахуырадон уагдоны ӕхсыны рӕстӕджы амардысты авд ахуырдзауы, ахуыргӕнӕг ӕмӕ техникон кусӕг. Хуссар Ирыстоны цӕрджытӕ цӕуынц уӕрӕсейаг минӕварадмӕ, цӕмӕй тӕфӕрфӕс скӕной трагедийы амӕттӕгтӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 май — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Уӕрӕсейы минӕварадмӕ Хуссар Ирыстоны ӕртыццӕджы цӕуынц адӕм дидинтимӕ, цӕмӕй равдисой Казаны цӕрджытӕн сӕ ӕмуддзинад ӕвирхъау трагедийы фӕдыл.

Бибылты Анатолий тӕфӕрфӕсы тел арвыста Татарстаны сӕргълӕууӕгмӕ Казаны трагедийы фӕдыл

Дыццӕджы райсомӕй Казаны скъолатӕй иуы 19-аздзыд студент райдыдта ӕхсын ӕхсӕнгарзӕй. Фӕстаг бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ацы ӕнамонд хабары фӕстиуӕгӕн амардысты авд ахуырдзауы, ахуыргӕнӕг ӕмӕ ноджы иу сылгоймаг - техникон кусӕг. Цӕфтӕ та райстой 23 адӕймаджы.

Ӕртыццӕджы райсомӕй фӕстӕмӕ, хицауад, парламент ӕмӕ республикӕйы ахуырадон уагдӕтты минӕвӕрттӕ цӕуынц минӕварады бӕстыхаймӕ, цӕмӕй ссарой Казаны трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ. Столицӕйы цӕрджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, сывӕллӕтты ныхмӕ тыхмийӕ стырдӕр трагеди нӕй.

Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий, кӕцы ныртӕккӕ ис балцы Донбассы, арвыста тел Татарстаны президент Рустам Миннихановмӕ Казаны трагедийы фӕдыл.

Республикӕйы цӕрджыты ӕмӕ йӕхи номӕй Бибылты Анатолий тӕфӕрфӕс ракодта трагедийы амӕттӕгты бинонтӕ ӕмӕ хиуӕттӕн, фӕцӕфуӕвджытӕн та йӕ цӕст бауарзта, цӕмӕй тагъд сӕнӕниз уой.