УФ Федералон хӕзнадон басгардзӕн Хуссар Ирӕн рахицӕнгонд фӕрӕзты хардзкӕнынад

Республикӕйы хицауады сӕрдар ауагъта фембӕлд уӕрӕсейаг хӕзнадоны минӕвӕрттимӕ, кӕцытӕ ӕрцыдысты Цхинвалмӕ кусӕгон балцы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 май - Sputnik. Уӕрӕсейы хӕзнадоны минӕвӕрттӕ басгардзысты фӕрӕзты хардзкӕнынад, кӕцытӕ рахицӕн кодтой федералон бюджетӕй Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрӕзтӕн финансон ӕххуыс бакӕныны нысанӕн. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы хицауады пресс-службӕ.

Финансты министр радзырдта, кæмæн æмæ цас фæфылдæр уыдзысты сæ мыздтæ хуссар Иры

Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Бекъойты Геннадий знон ауагъта фембӕлд уӕрӕсейаг хӕзнадоны кусӕгон къордимӕ, кӕцы ӕрцыд Цхинвалмӕ.

Премьер-министр банысан кодта, уагдоны басгӕрст кӕй у ахсджиаг ӕмӕ уӕззау куыст.

"Контролон мадзӕлттӕ ауадзынӕн мах сарӕзтам алы уавӕртӕ дӕр. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уӕ басгӕрсты фӕстиуджытӕ рагфӕдзӕхст бакӕндзысты финансон архайды проблемон фарстыты фӕдыл", - загъта Бекъойты Геннадий.

Хӕзнадоны минӕвар бахахх кодта, кусӕгон къорд нывӕзтон басгӕрст кӕй уадздзӕн республикӕйы министрӕдтӕ ӕмӕ уагдӕтты.