Равдыст æмæ ирд мадзæлттæ: Хуссар Иры банысан кæндзысты Сабиты хъахъхъæныны бон

Бӕрӕгбонон фӕзуæттӕй иу суыдзӕн Сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуаны кæрт - ам уагдон бацӕттӕ кӕндзæн хиирхӕфсӕн мадзал, Ӕрыгон техникты станцы ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ студенттӕ та сараздзысты сӕ куыстыты равдыст
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Ӕрбалӕугӕ мӕйы фыццаг бон Хуссар Ирыстоны столицӕйы банысан кӕндзысты Сывӕллӕтты хъахъхъӕнынады бон.

Цхинвалы расидтысты сабиты къамты конкурс "Нӕ сабитӕ"

Бӕрӕгбонон фӕзуæттӕй иу суыдзӕн Сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуаны кæрт - ам уагдон бацӕттӕ кӕндзæн хиирхӕфсӕн мадзал.

"Фыццӕгӕм июны банысан кӕндзыстӕм сывӕллӕтты хъахъхъӕнынады бон. Хонӕм ӕппӕт сабиты дӕр Сывӕллӕтты сфӕлдыстадон галуаны кӕртмӕ. Уагдон бацӕттӕ кӕндзӕн цымыдисон мадзал", - радзырдта Sputnik ахуырады министрады уӕлӕмхас ахуырады хайады хистӕр Джиоты Эльза.

Уый бафтыдта, ӕмрӕстӕджы ма уым кӕй уыдзӕн Ӕрыгон техникты станцы ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ студентты куыстыты равдыст.

"Ногдзауты парчы мах фӕнды саразын равдыст ӕмӕ радтын мастер-класстӕ. Рахӕсдзыстӕм работотехникӕ, хъӕдӕрмӕджы ӕмӕ артӕй фӕлындыны кружокты ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ студентты куыстытӕ", - загъта уагдоны хистӕр Калаты Нариман.

Сывӕллӕтты хъахъхъӕнынады бон æрвылаз нысан цæуы 1 июны.