Хуссар Иры иу суткӕмӕ рабӕрӕг кодтой авд ног рынчыны коронавирусӕй

Бон раздӕр та республикӕйы сбӕрӕг кодтой COVID-19 иу ног рынчыны - ӕдӕппӕт пандемийы рӕстӕджы республикӕйы фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3330 онг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 13 май — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ рабӕрӕг кодтой авд ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон уагдоны сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

Хуссар Иры вакцинӕ "Спутник V" сарзыны тыххӕй бахатыдысты ныридӕгӕн 500 адӕймаджы

"COVID-19 рабӕрӕг кӕныны фӕдыл ӕртыццӕджы лабораторийы цы 58 тесты сарӕзтой, уыдонӕй авд равдыстой вирусы уӕвынад", - загъта сӕйраг санитарон дохтыр.

Уый бафтыдта, иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй кӕй систой фондз адӕймаджы, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3004 онг. Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 326 адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 22 312 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 330 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.