Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны арӕныл ӕрцахстой тамакоты егъау партийы контрабандӕ

Тамакойы ӕнӕзаконон трафикмӕ сӕ хъус дарынц гуырдзиаг сӕрмагонд службӕтӕ. Комитеты куыд бахахх кодтой, афтӕмӕй уыдоны фӕнды, цӕмӕй республикӕйы цӕрджытӕ ӕнӕзаконон архайд кӕной ӕмӕ фехалой паддзахадон арӕны режим, уый та ахъаз уыдзӕн коронавирусы ног штаммты апарахатӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 май - Sputnik. Арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕрурӕдтой 200 мин сомы аргъ "Manchester" тамакоты партийы ӕнӕзаконон ӕрбаласт Хуссар Ирыстонӕй Гуырдзыстонмӕ, хъусын кӕны республикӕйы Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕ.

Фӕткхалд ӕрцыд апрелы кӕрӕтты Цхинвалы районы Хелчуайы хъӕуы цур, банысан кодтой уагдоны.

"Паддзахадон арӕны режим фехалыны фӕдыл фыдгӕнӕджы ӕрбаздахтой административон бӕрндзинадмӕ, афтӕ ма сконфискаци кодтой контрабандон базайраг дӕр", - бахахх кодтой ПӔК-ы.
Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны арӕныл ӕрцахстой тамакоты егъау партийы контрабандӕ

ПӔК бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, Тамакойы ӕнӕзаконон трафикмӕ сӕ хъус дарынц гуырдзиаг сӕрмагонд службӕтӕ. Комитеты куыд бахахх кодтой, афтӕмӕй уыдоны фӕнды, цӕмӕй республикӕйы цӕрджытӕ ӕнӕзаконон архайд кӕной ӕмӕ фехалой паддзахадон арӕны режим, уый та ахъаз уыдзӕн коронавирусы ног штаммты апарахатӕн.

Уагдоны зӕрдыл ӕрбалӕууын кодтой, Хуссар Ирыстоны законты фехалыны фӕдыл, кӕцытӕ баст сты нозт ӕмӕ тамакойы контрабандӕимӕ, ӕрбаздахдзысты ӕрмӕст административон бӕрндзинадмӕ нӕ, фӕлӕ ма уголовонмӕ дӕр.