Ӕртӕ мин экспонаты ӕмӕ XVII ӕнусы бӕстыхай: Ленингоры районы ацыд "Музейты ӕхсӕв"

Уазджытӕн фадат уыд фенын рагон историон экспонаттӕ ӕмӕ номдзыд нывгӕнджыты куыстытӕ, радзырдтой районы администрацийы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 20 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы историон бӕстӕзонӕн музей бамбал ис ӕхсӕнадӕмон акци "Музейты ӕхсӕв"-мӕ, фехъусын кодта Sputnik районы пресс-службӕйы кусӕг Кокойты Анжела.

Ӕртӕ мин экспонаты ӕмӕ XVII ӕнусы бӕстыхай: Ленингоры районы ацыд "Музейты ӕхсӕв"

Акци районы цӕуы ныр цыппӕрӕм аз.

"Дысон ӕхсӕв йӕ дуӕрттӕ бакодта Ленингоры районы историкон бӕстӕзонӕн музей. Музейы хӕзнадоны ис ӕртӕ мин экспонаты онг. XVII ӕнусы бӕстыхайы ӕддаг бакаст бахъахъхъӕд ӕрцыд. Уазджытӕн сарӕзтой экскурситӕ, фенын сын кодтой рагон артефакттӕ, ӕлыг марды чырынтӕ, хӕдзарон мигӕнӕнтӕ", - загъта уый.

Ныхасӕмбалы ныхӕстӕм гӕсгӕ, акцийы сӕйраг нысан у цымыдис сӕвзӕрын кӕнын историон экспонаттӕм.

"Мадзалы рӕстӕджы ма музейы фенӕн уыд номдзыд нывгӕнджыты куыстытӕ, сӕ нымӕцы Уӕрӕсейы адӕмон нывгӕнӕг Бедойты Шалвайы нывтӕ", - бафтыдта Кокойты Анжела.

Мадзал бацӕттӕ кодта Ленингоры районы культурӕйы хайад.

Ӕртӕ мин экспонаты ӕмӕ XVII ӕнусы бӕстыхай: Ленингоры районы ацыд "Музейты ӕхсӕв"