Хуссар Иры рауагъдонтӕн айзӕлыд фӕстаг дзӕнгӕрӕг

Иуӕндӕсӕмкъласонтӕн сӕ царды ног этапмӕ бахизыны фӕдыл раарфӕ кодтой ахуыргӕджытӕ, ныййарджытӕ ӕмӕ скъоладзаутӕ. Изӕры та сын Цхинвалы централон фӕзуатыл ацӕудзӕн бӕрӕгбонон концерт
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 май — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны скъолаты дыццӕджы айзӕлыд фӕстаг дзӕнгӕрӕг 519 иуӕндӕсӕмкъласонӕн.

Зноны скъоладзаутӕн цытджын линейкӕты рӕстӕджы раарфӕ кодтой ахуыргӕнджытӕ. ныййарджытӕ ӕмӕ хӕлӕрттӕ. Колыты Аксойы номыл Цхинвалы Аивӕдты лицейӕн ацы рауагъд уыд 21-ӕм - ацы аз ам скъолайӕн хӕрзбон загътой 34 рауагъдоны.

Хуссар Иры рауагъдонтӕн айзӕлыд фӕстаг дзӕнгӕрӕг

Цытджын линейкӕ лицеисттӕн, традицимӕ гӕсгӕ, ссис сӕ курдиӕттӕ равдисыны фӕзуат. Зарджытӕ, кафт ныййарджытимӕ, хӕрзбонон вальс ӕмӕ рауагъдонты цӕссыгтӕ - ахӕмӕй бахъуыды кӕндзысты лицейы ахуырдзаутӕ ацы бон.

Хуссар Иры рауагъдонтӕн айзӕлыд фӕстаг дзӕнгӕрӕг

Столицӕйы 2-ӕм астӕуккаг скъолайы мадзалмӕ ӕрбамбырд ис сӕдӕйӕ фылдӕр адӕймаджы. Арфӕйаг дзырдтимӕ рауагъдонтӕм ӕрсидт уагдоны директор Ольга Михаилиди. Мадзалы кӕрон скъоладзаутӕ суагътой арвы хъӕбыстӕ уӕлдӕфон тымбылӕгтӕ.

Хуссар Иры рауагъдонтӕн айзӕлыд фӕстаг дзӕнгӕрӕг

Иууыл цъусдӕр рауагъдонтӕ ацы аз уыд столицӕйы 11-ӕм скъолайы - ӕрмӕстдӕр цыппар иуӕндӕсӕмкъласоны, фӕлӕ, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, уыдон арвыстой диссаджы цымыдисон ӕмӕ хъӕлдзӕг бӕрӕгбон.

Хуссар Иры рауагъдонтӕн айзӕлыд фӕстаг дзӕнгӕрӕг

Гимнази "Рухс"-ы рауагъдонтӕн та абон фӕстаг дзӕнгӕрӕг айзӕлыд паддзахадон киноконцертон зал "Чермен"-ы, цы ран сценӕйыл цытджын линейкӕ ацыд 21 скъоладзауӕн.

Хуссар Иры рауагъдонтӕн айзӕлыд фӕстаг дзӕнгӕрӕг

Гимназистты ныййарджытӕ сын бацӕттӕ кодтой сюрприз - сӕ къамтимӕ билборд столицӕйы центры, 8 июны ӕмӕ Путины уынджы алвӕндагыл. Уый бирӕ цины ӕнкъарӕнтӕ сӕвзӕрын кодта гимназийы рауагъдонтӕн.

Хуссар Иры рауагъдонтӕн айзӕлыд фӕстаг дзӕнгӕрӕг

Цытджын хайы фӕстӕ фӕсивӕд, традицимӕ гӕсгӕ ныффыстой сӕ фӕндиӕгтӕ кӕрӕдзи раздарӕнтӕ ӕмӕ хӕдӕттыл.

Бӕрӕгбон адарддӕр уыдзӕн изӕры Театралон фӕзуатыл концертӕй.