Ирыстойнаг спортсменкӕтӕ рамбылдтой ӕртӕ майданы ӕрдынӕй ӕхсынӕй Кӕсӕг-Балхъары фыццагады

Кады пьедесталмӕ схызтысты ирон спортсменкӕтӕ Костионова Алена ӕмӕ Худиты Элина. Уыдон рамбылдтой ӕртӕ ӕвзист майданы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 май – Sputnik. Цӕгатирыстойнаг спортсменкӕтӕ ӕнтыстджын архайд скодтой Кӕсӕг-Балхъары гом фыццагады ӕрдынӕй ӕхсынӕй.

Хуссар Иры каратисттӕ рамбылдтой авд майданы Майкопы

Костионова Алена бацахста дыккаг бынат дисциплинӕ "классикон ӕрдынӕй ӕхсыны", миксты дӕр уый ссис дыккаг.

Худиты Элина та квалификацион раунды бацахста дыккаг бынат. Спортсменкӕты бацӕттӕ кодта специалист Томайты Людмила.

Амӕйразмӕ каратисттӕ Хуссар Ирыстонӕй рамбылдтой авд майданы Майкопы ерысты. Ирон спортсментӕ райстой ӕртӕ сыгъзӕрин, ӕртӕ ӕвзист ӕмӕ иу бронзӕйон майданы.