Хуссарирыстойнаг дзюдоисткӕ рамбылдта "сыгъзӕрин" Уӕрӕсейы фӕсивӕды Спартакиадӕйы

Тверы турниры Ӕлборты Алана архайдта иууыл уӕззаудӕр категорийы (+78килограммы)
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 26 май — Sputnik. Хуссарирыстойнаг дзюдоисткӕ Ӕлборты Алана рамбылдта сыгъзӕрин майдан Спартакиадӕйы Тверы, хъусын кӕны республикӕйы фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты пресс-службӕ.

Ирыстойнаг спортсменкӕтӕ рамбылдтой ӕртӕ майданы ӕрдынӕй ӕхсынӕй Кӕсӕг-Балхъары фыццагады

Уӕрӕсейы фӕсивӕды V сӕрдыгон Спартакиадӕйы ирон спортсменкӕ архайдта иууыл уӕззаудӕр категорийы (+78килограммы).

"Ӕлборты Алана ауагъта фондз тохы ӕмӕ алкӕцыйы дӕр рамбылдта. Финалон тохы уый фӕуӕлахиз Мӕскуыйаг спортсменкӕ Дарья Лапинайыл ӕмӕ ссис сыгъзӕрин майданы хицау", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Пресс-службӕйы бафтыдтой, спортсменкӕйы тренертӕ кӕй сты Тъуриты Тенгиз ӕмӕ Гӕбӕраты Автандил.