ЦХИНВАЛ, 2 июн – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Цхинвалы цады цур кӕй мӕрдон буар ссардтой, уый разынд столицӕйы 50-аздзыд цӕрӕг, кӕцы цард микрорайон "Царз"-ы, фехъусын кодтой Sputnik Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) радгӕсон хайады.
"Развӕлгъау басгӕрсты рӕстӕджы тыхмарды миниуджытӕ не ссардӕуыд", - загъта агентады ныхасӕмбал.
УУМ бафтыдтой, зӕгъгӕ, мӕрдон буары тыххӕй хъусинаг ӕрбацыд уагдонмӕ 13.14 сахатыл. Уый ссардта горӕты цӕрӕг, кӕцы йӕ цуанонимӕ тезгъо кодта цады цур. Цауы бынатмӕ уайтагъд ацыдысты ирвӕзынгӕнджытӕ, афтӕ ма Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг структурӕты кусджытӕ.