ЦХИНВАЛ, 4 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон телеуынынады кусӕг, бӕстӕзонӕг ӕмӕ биолог Габайты Владимиры иумӕйаг куыст уӕрӕсейаг ахуыргондтимӕ рацыд зонадон журнал "Труды зоологического института РАН"-ы.
Ӕрӕджы уыдон бӕстонӕй ӕркастысты хуссайраг калмы (гадюка) ног хуызмӕ, кӕцыйыл сӕ экспедициты рӕстӕджы фембӕлдысты Кавказы.
Калм йӕ ном райста Сочийы национ паркы кусӕг, герпетолог Борис Тунеевӕй, кӕцыйӕ бакодта ацы бырӕджы йӕ рцыдты рӕстӕджы Хуссар Ирыстонмӕ.
"Ацы бырӕджы хицӕндзинӕдтӕ бар дӕттынц уый хицӕн хуызмӕ бахӕссынӕн. Тунеевы ном хӕссы, уымӕн ӕмӕ йӕ фылдӕр ахуыр кодта уый. Иу фондз хатты уыд ам, ӕз йемӕ сарӕзтон цалдӕр алӕвӕрд ПТРК "Ир"-ы. Уый бацыд дунейы зоологийы историмӕ ӕмӕ ӕнустӕм баззайдзӕн",- радзырдта Sputnik Габайты Владимир.
"Статус гадюки в комплексе бассейна среднего течения реки Куры в Восточном Закавказье" бацӕттӕ кодтой авторты къорд - Н. Б.Ананева, В.Н Габайты, Г.Н. Иремашивли, Г.Ю.Лотиев ӕмӕ Т.В. Петрова. Бырӕг, сӕ ахуыртӕм гӕсгӕ, цӕры Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Гуырдзыстоны скӕсӕн хай.