Уæрæсейаг специалисттæ сбæлвырд кодтой Хуссар Иры джыбыты хуызтӕ

Иртӕстытӕ куыд равдыстой, афтӕмӕй Хуссар Ирыстоны иксодофаунӕйы уӕвынад кӕны джыбыйы фондз хуызы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 10 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ставрополы емынӕйы ныхмӕ институтӕй ӕрхонгӕ специалисттӕ сбӕлвырд кодтой Хуссар Ирыстоны джыбыты хуызтӕ, сӕ нымӕцы нӕй энцефалитон, хъусын кӕны "Югосетпотребнадзор"-ы сайт.

Хуссар Иры джыбыйы хæсты фæстиуæгæн фæзынд тæссаг низ

Æрдзы цы джыбытæ æмбæлынц, уыдонæй иууыл тæссагдæр сты энцефалитон джыбытæ, уыдон фылдæр бæрцæй цæрынц Сыбыры.

"Иртӕстытӕ равдыстой, Хуссар Ирыстоны иксодофаунӕйы кӕй уӕвынад кӕны фондз хуызы джыбытӕ - Hyalomma, Ixodes, Dermacentor, Rhipicephalus, Boophylus - кӕцытӕ зынын кӕнынц низтӕ Ку-лихорадка, Боррелиоз, Анаплазмоз, Эрлихиоз", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уагдоны бӕрӕггӕнтӕм гӕсгӕ, республикӕйы фӕстаг ӕртӕ азы рабӕрӕг кодтой боррелиозы фӕзынды 24 цауы.

"2018 азы боррелиозы фӕзынды цаутӕ уыдысты 15, 2019 азы - 8 цауы, ивгъуыд аз иу хатт. Ацы аз та джыбыйы хӕсты фӕстиуӕгӕн  иу адӕймагӕн сбӕлвырд кодтой геморрагион лихорадка", - бафтыдтой "Югосетпотребнадзор"-ы.

Джыбытæ æрдзы сарæх вæййынц апрелæй августмæ.