Хуссар Иры джыбыйы хæсты фæстиуæгæн фæзынд тæссаг низ

CC0 / John Tann / Хуссар Иры джыбыйы хæсты фæстиуæгæн фæзынд тæссаг низ
Хуссар Иры джыбыйы хæсты фæстиуæгæн фæзынд тæссаг низ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.05.2021
Рафыссын
Джыбытæ æрдзы сарæх вæййынц апрелæй августмæ. Ивгъуыд азы Хуссар Ирыстоны сæйраг рынчындонмæ бацыд дæс адæймаджы бæрц, кæцытыл фæхæцыд джыбытæ

ЦХИНВАЛ, 21 май – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны æрæджы джыбыйы хæсты фæстиуæгæн фæзынд хъырымаг геморрагион тæвдниз (крымская геморрагическая лихорадка), фехъусын кодта Sputnik сæйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

"Ацы низ фыццаг рады хæцы джыбыйы хæсты фæстæ, фæлæ хæцы адæймагæй дæр гематогенон хуызы(тугæй)",- загъта сæйраг дохтыр.

Коцты Маринайы ныхæстæм гæсгæ, джыбы у ахæм низы парахатгæнæг куыд: спирохетозтæ, риккетсиозтæ, боррелез æмæ æндæртæ. Иууыл тæссаг дæр сæ энцефалит, кæцы хæссы джыбы.

"Джыбытæ ис 54 мин хуызы, уыдонæй кæцыдæртæ ахадгæ зиан хæссынц адæймаг æмæ фосæн. Уæлдай тæссаг сты иксодон джыбытæ, уыдон парахат кæнынц инфекцион низтæ", - радзырдта Коцты Марина.

Джыбытæ æрдзы сарæх вæййынц апрелæй августмæ. Ивгъуыд азы Хуссар Ирыстоны сæйраг рынчындонмæ бацыд дæс адæймаджы бæрц, кæцытыл фæхæцыд джыбытæ. Хуссар Ирыстоны бирӕпрофилон медицинон колледжы инфекцион хайады дохтыр радзырдта Sputnik джыбыйы ноджы иу тӕссаг ӕууӕлы тыххӕй.

Емынæ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.09.2018
Иууылдæр амæлдзысты: Знауыры районы абухы африкæйаг емынæ

"Лаймы низ (боррелиоз) хӕссынц джыбытӕ. Уый бахъыгдары нервтӕ, зӕрдӕ, царм ӕмӕ стæгдар. Дунейон статистикӕмӕ гӕсгӕ 100 000 адӕймагӕй рынчын кӕны ацы низӕй ӕрмӕст дыууӕ-ӕртӕ адӕймаджы. Мӕлӕтмӕ нӕ кӕны, фӕлӕ зынгӕ бандавы царды гъӕдыл",- радзырдта РБМЦ дохтыр-инфекционист Годжысаты Лали.

Джыбытæ сты тæссаг инфекцион низты парахатгæнджытæ, сæ нымæцы энцефалит, кæцы кæны тæссаг фæстиуджытæм, сæ нымæцы сахъатдзинад дæр, фæлæ ацы низ цы джыбы хæссы, уый Хуссар Ирыстоны неʻмбæлы.

Иумæйагæй сисгæйæ та хъусдараг адæм бæлвырд кæнынц, сæ нымæц кæй фæфылдæр ис æмæ джыбы ссис горæты цæрæг дæр.

Уалдзæджы æрбалæуд хъарм боныгъæдимæ иумæ райхъал кæны тæссаг цæрæгойты дæр, рапарахат вæййынц джыбытæ дæр. Хуссар Ирыстоны фæстаг æзты фæфылдæр ис сæ нымæц. Бынæттон знаггадгæнæгæн нæй тæссаг æууæлтæ. Биолог Габайты Владимиры ныхæстæм гæсгæ, раджы уый бахауд рынчындонмæ джыбыйы хæсты фæстæ.

Главный санитарный врач Южной Осетии Марина Кочиева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.12.2016
Коцты Марина: тубдиспансеры арӕзтад Цхинвалгæрон ницы тӕссаг у

"Раздæр цардтæн Сыбыры, уым мыл фæхæцыд энцефалитон джыбы. Дыууæ мæйы бæрц хуыссыдтæн рынчындоны. Æз йæ куыд зонын афтæмæй, уый ам не мбæлы", - дзуры Габайты Владимир.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уæддæр хуыздæр у дæхи джыбыйæ бахизын.

"Фылдæр бæрцæй быры зæххæй, уымæ гæсгæ гомзæнгæй æрдзмæ нæ хъæуы цæуын. Джыбы агуры царм иууыл тæнæгдæр кæм у, ахæм бынæттæ. Стæй ма ис сæрмагонд фæрæзтæ, кæцытæ хизынц джыбыйæ", - бафтыдта уый.

Габайты Владимир ма бамбарын кодта, джыбы раппарыны амæлттæ.

"Иутæ сæ байсæрдынц духи, науæд та соййæ. Уымæн улæфыны фадат куыннæуал вæййы, уæд ахауы, фæлæ уый æвзæр уымæй у, æмæ джыбы куы хауы, уæд æппæт хъæстæ акалы. Уымæ гæсгæ, хуыздæр у æндахæй йæ бабæттын æмæ афтæ раппарын", - амоны уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0