Хуссар Иры премьер радта къорд хӕлӕвӕрды экологон уавӕр фӕхуыздӕр кӕныны фӕдыл

"Югосетпотребнадзор"-ы сӕргълӕууӕг Коцты Маринайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, азӕй-азмӕ республикӕйы ӕрдзы уавӕр кӕны ӕвзӕрӕй ӕвзӕрдӕр, ӕмӕ уыцы хъуыддаджы ахсджиаг роль ис кондадон ӕмӕ фӕлхасон ӕвзарӕнтӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 июн - Sputnik. Хуссар Ирыстоны цӕрӕн пунктты санитарон-гигиенӕйон уавӕры фӕдыл рабадты хицауады сӕрдар Бекъойты Геннадий радта хӕслӕвӕрдтӕ республикӕйы экологийы проблемӕтӕ аскъуыддзаг кӕныны тыххӕй.

Сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина куыд банысан кодта, афтӕмӕй азӕй-азмӕ республикӕйы ӕрдзы уавӕр кӕны ӕвзӕрӕй ӕвзӕрдӕр, ӕмӕ уыцы хъуыддаджы ахсджиаг роль ис кондадон ӕмӕ фӕлхасон ӕвзарӕнтӕн.

"Югосетпотребнадзор"-ы комитеты специалисттӕ ӕрвылаз дӕр сгарынц ӕппӕт республикӕйы цӕрӕн пунктты санитарон-гигиенӕйон уавӕр. Цӕстдардон мадзӕлтты фӕлгӕтты рабӕрӕг вӕййынц санэпидемиологион домӕнты фехӕлдтӕ", - загъта уый.

Коцты Маринайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, районтӕй канализацион системӕтӕ кӕм нӕй, уыдоны цӕрджытӕ сӕ хӕдзӕртты хӕрзарӕзты рӕстӕджы канализацион ӕмӕ цардуагон хӕтӕлтӕ саразынц дӕттӕм, науӕд та мӕрмӕ.

Бафснайӕм нӕ ӕрдз: Хуссар Иры фӕсивӕды хонынц дыккаг экологион акцимӕ

Ӕрдзы ахӕм чъизикӕнынад та ӕвзӕрырдӕм ӕндавы эпидемиологион уавӕрыл ӕмӕ расайы алыгъуызон инфекцион низтӕ адӕмы хсӕн, бафтыдта дохтыр.

Министрты кабинеты сӕргълӕууӕг Бекъойты Геннадий бахӕс кодта районон администрациты хистӕртӕ ӕмӕ "Водоканал"-ӕн саразын анализ канализацион системӕтӕ ӕмӕ сыгъдӕггӕнӕн амаддзагтӕн, афтӕ ма банымайын ӕрдз сыгъдӕг кӕныны тыххӕй уӕлӕмхас уавӕртӕ саразыны хӕрдзтӕ. Уымӕй дарддӕр ма уый бахӕс кодта арӕзтады министрадӕн бацӕттӕ кӕнын мадзӕлтты нывӕзт канализацион системӕ ӕмӕ ӕхсӕнты биологион сыгъдӕггӕнӕн арӕзтӕдты фӕдыл ӕмӕ йӕ бавдисын хицауадмӕ 9 июлы онг.

Уымӕй дарддӕр ма "Водоканал"- сӕргълӕууӕгӕн бахӕсгонд ӕрцыд цыбыр ӕмгъуыдмӕ аскъуыддзаг кӕнын столицӕйы микрорайон "Хурзӕрин"-мӕ канализацион хӕтӕлтӕ бауадзыны фарст ӕмӕ базонгӕ кӕнын хицауады уыцы куысты фӕстиуджытимӕ.

"Нӕ алфӕмблай ӕрцы ӕдасдзинад у паддзахады иумӕйаг сагъӕс ӕмӕ мах хъуамӕ ӕппӕт дӕр саразӕм ӕппӕрццаг фӕстиуджытӕ аиуварс кӕнынӕн. Коммуникацион хӕтӕлтӕн хъӕуы саразын иумӕйаг мониторинг ӕмӕ уый фӕстӕ исдзыстӕм ӕмбӕлон скъуыддзӕгтӕ", - банысан кодта Бекъойты Геннадий.

Геологи, экологи ӕмӕ ӕрдзӕй пайдакӕнынады комитеты сӕргълӕууӕг Бестауты Бала дӕр радзырдта цӕугӕдон Стыр Леуахийы былгӕрӕтты экологион уавӕры тыххӕй.