Дменисы Культурӕйы хӕдзар капиталонӕй сцалцӕг кӕндзысты сентябрьмӕ

Цхинвалы районы стырдӕр хъӕутӕй иуы фӕзындзӕн дыууӕуӕладзыгон бирӕфункционалон бӕстыхай - клуб, цы ран ӕрбынат кӕндзысты администрацийы дӕлхайӕдтӕ иууылдӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 июн — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы районы Дменисы хъӕуы кӕронмӕ бахӕццӕ Культурӕйы хӕдзары дыууӕуӕладзыгон бӕстыхайы капиталон цалцӕг. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта районы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады хистӕр Уазӕгты Мевлуд.

Фӕткъуы, сӕнӕфсир ӕмӕ халсар: Икъаты Ибрагим Дменисы сӕндидзын кодта зӕхкуыст

 

Хъӕуы Культурӕйы хӕдзар, администраци ӕмӕ библиотекӕ ныр цалдӕр азы уӕвынц кӕллӕддзаг агъуыстты, цы ран нӕй нӕдӕр коммуникацитӕ, нӕдӕр ӕндӕр хӕрзвадӕттӕ. Ног бӕстыхайы сырӕзтимӕ ацы уагдӕтты минӕвӕртты куысты уавӕртӕ зынгӕ фӕхуыздӕр уыдзысты.

"Сӕйраг куыстытӕ фесты, бӕстыхай капиталон цалцӕг ӕрцыд ӕддейӕ дӕр ӕмӕ мидӕгӕй дӕр. Баззад ма дзы йӕ алыварс территорийы хӕрзарӕзтад", - банысан кодта ЦКХ сӕргълӕууӕг.

Объект экслуатацимӕ раттын районы къухдариуӕгад фӕнд кӕны сентябрьмӕ.

Дменис у Цхинвалы районы стырдӕр хъӕутӕй иу. Ис дзы 600 фылдӕр хӕдзары. Цалдӕр азы размӕ дзы арӕзт ӕрцыд нырыккон сабидон, ис дзы астӕуккаг скъола, чысыл рынчындон.