Фӕткъуы, сӕнӕфсир ӕмӕ халсар: Икъаты Ибрагим Дменисы сӕндидзын кодта зӕхкуыст

© Из личного архива Лейлы ДриаевойИкъаты Ибрагим Дменисы сӕндидзын кодта зӕхкуыст
Икъаты Ибрагим Дменисы сӕндидзын кодта зӕхкуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Икъаты Ибрагим дыккаг аз зилы ацы дыргъдонмæ æмæ йын ныридæгæн йæ хуыз скалдта. Хæрзгуыст быдыры бæлæсты рæгъты ‘хсæн ма Ибрагим ныссагъта сæнæфсиртæ дӕр - хъæууон лæг аргъ кæнын зоны зæххы алы гæппæлæн дæр

ЦХИНВАЛ,  10 апр – Sputnik, Дриаты Лейла. Цхинвалы район кæддæриддæр хæрзвадат уыд дыргъгуыст рыйтынг кæнынæн. Уымӕ гæсгæ 2014 азы Хъæууон-хæдзарады министрад Дменисы хъæуы сфæнд кодта дыргъдон саразын.

Дменисы дыргъдонæн бындур бæргæ æрæвæрдта Хъæууон хæдзарады министрад, фæлæ хъуыд ссарын арендатор, кæцы счъилдысæй бавнæлдтаид æмæ цалдæр азмæ дыргъдон йæ къахыл слæууын кодтаид. Цæмæй ма дзы бынæттон цæрджытæн дæр фæзындаид кусæгон бынæттæ.

Фермæ Знауыры районы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фермер: фосдарды куыстæн Хуссар Иры ис алы уавæртæ дæр

Дыргъдон райстой арендæйы цалдæр бынæттон лæппуйы. Райдианы дзæбæх бавнæлдтой - зылдысты бæлæстæм. Фæлæ дыккаг аз лæппутæ ныддихтæ сты. Талатæ кæрдæджы бын фесты, донхæр сæ кæй нæ кодтой, уымæ гæсгæ сæ фылдæр бахус. Уыйадыл Хъæууон хæдзарады министрад арендаторимæ йӕ бадзырд фехæлдта.

Æхгæд æрцыд дыргъдоны территори, цæмæй йæм фос ма цæуа æмæ талатæ ма цъæл кæной. Хæстæг ӕм арæзт æрцыд донхæргæнæн бассейн дæр.

Хъæууон-хæдзарады министрадмæ æрбацыд бынæттон æвзонг лæппу Икъаты Ибрагим. Уый бацымыдис кодта дыргъдон æгуыст цæмæн у, куырдта, цæмæй йын радтой фадат талатæм базилыны тыххæй.

Икъаты Ибрагим дыккаг аз зилы ацы дыргъдонмæ æмæ йын ныридæгæн йæ хуыз скалдта.

"Ацы быдыр арендæйы куы райстон, уæд талатæн сæ фылдæр уыд хус. Фæткъуы бæлæстæй иуæй-иутæ зæххы дзæбæх фидар нæ уыдысты æмæ уымæ гæсгæ бахус сты. Мæ размæ цы арендатортæ уыд дыргъдонæн, уыдон сæ афоныл нæ пырх кодтой æмæ талатæ къуыдыртæй лæууыдысты. Æз бацархайдтон кæцытæ бахус, уыдон бынаты ногтæ ныссадзын", - зæгъы Икъаты Ибрагим.

 Цæмæй талатæн хуыздæр уавæртæ арæзт æрцыдаид, бынӕттон климатыл сахуыр уыдаиккой, уый тыххæй сæ лӕппу фæззæджы æрласта Цæгат Ирæй.

"Ныртæккæ интернеты тыгъдады бирæ информаци ис, фæткъуы бæлæстæм куыд зилын хъæуы, уый тыххӕй. Стæй æз мæхæдæг хъæуты схъомыл дæн. Уыдтон, хистæртæ куыд куыстой, æмбисонд Дменисы хъæуы дыргъдæттæ уыдысты. Æппæт уыцы фæлтæрддзинад мын бабæззыд. Цы нæ зонын уымæй та хъæуы хистæрты бафæрсын, - радзырдта арендатор.

© Из личного архива Лейлы Дриаевой Икъаты Ибрагим Дменисы сӕндидзын кодта зӕхкуыст
Фӕткъуы, сӕнӕфсир ӕмӕ халсар: Икъаты Ибрагим Дменисы сӕндидзын кодта зӕхкуыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Икъаты Ибрагим Дменисы сӕндидзын кодта зӕхкуыст

Ибрагим цин кӕны, йæ бæлæстæ сæхиуыл кӕй схæцыдысты, йӕ зæрдæ сæ рухс кæны.

"Æхсæвæй-бонæй уыдтæн дыргъдоны. Нырма мын кусджытæ нæй, уымæн æмæ уал æххæссын мæхæдæг мæ куыстыл. Фæстæдæр дыргъдон тыллæг дæттын куы райдайа, уæд мæм фæзындзæн куысты бынæттæ дæр", - банысан кодта уый.

Лӕппу куыд зæгъы, афтæмæй, уый арендæйы райста дыргъдоны фарсмæ хицауадæн цы афтид зæхх уыд, уый дæр. Уым та хъавы ныссадзын 20 мин пъамидор æмæ капустæйы бын. Сæрды уыдон ратдзысты цалдæр тонны тыллæг.

 Лохты Дауыт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Харбыз, мæнæргъы, битъна, лимон: цъунайраг арахъхъы ад

Хæрзгуыст быдыры бæлæсты рæгъты ‘хсæн ма Ибрагим ныссагъта сæнæфсиртæ дӕр. Хъæууон лæг аргъ кæнын зоны зæххы алы гæппæлæн дæр. Æрæджы балхæдта мини-трактор, кæцы йын фӕрог кӕны йӕ къух.

Ибрагимæн ма йæ зæрды ис, хицауад чысыл æмæ астæуккаг бизнесы тыххæй цы хатырон кредиттæ дæтты, уыдонæй райсын дæр.

"Марты кæрон хъуамæ уæрст æрцыдаиккой уыцы кредиттæ. Фæлæ, ныртæккæ дунейыл цы вирусы фæзынд, уый аххосæй хъуыддаг фæкъуылымпы ис. Мæ инвестицион проект арæзт у ставдкъах фосы тыххæй. Стæй ма быдыры фарсмæ мæ зæрды уыд хъармуат саразын дæр, цæмæй зымæджы дæр зайын кæнон цъæхæгтæ", - ранымадта йӕ фӕндтӕ ӕвзонг лӕппу.

Ног хабӕртты лентӕ
0