"Диабеты скъола" Къуаисайы: эндокринологтӕ ауагътой горӕты цӕрджытӕн фыццаг лекци

Республикӕйы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады проект райдыдта майы кӕрӕтты Дзауы районы. Диабетӕй рынчынтӕн лекцитӕ нывӕндынц ауадзын Хуссар Ирыстоны алкӕцы районы дӕр
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 1 июл - Sputnik. "Диабеты скъола"-йы фӕлгӕтты фыццаг лекци бафарстой Хуссар Ирыстоны горӕт Къуаисайы цӕрджытӕн 29 июны, хъусын кӕны республикӕйы Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.

Хуссар Иры Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады радзырдтой, куыд цӕуы вакцинаци

Проект, кӕцы здӕхт у сӕкӕры диабетӕй рынчынтӕн низы тыххӕй информаци дӕттынмӕ, фыццаг хатт среализаци кодтой Дзауы районы майы кӕрӕтты.

Къуаисайы хыгъдыл лӕууынц 39 пациенты, уыдонӕй 25-ӕй фылдӕр ӕрбацыдысты лекцимӕ. Сӕкӕры диабеты фӕдыл фарстытӕн дзуапп дӕтта дохтыр эндокринолог Беройты Моника, лекцийы ма хайад иста Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады сӕйраг ӕнӕштатон эндокринолог Быценты Индира.

"Адӕмӕн, кӕцытӕн ис сӕкӕры диабет, скъолайы фӕлгӕтты фехъусын кодтой ахсджиаг моменттӕ, кӕцытӕ баст сты низимӕ. Беройты Моника радзырдта пациенттӕн диабеты рӕстӕджы куыд хъӕуы цӕрын, инсулин куыд хъӕуы аразын ӕмӕ ӕндӕр ахсджиаг аспекттыл", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.

"Диабеты скъола"-йы фӕлгӕтты 1 июлы фыццаг лекци бафӕрсдзысты Знауыры поселочы цӕрджытӕн дӕр.