Цхинвалы коммуналон службӕтӕ бафснайдтой Националон пантеоны территори

Националон пантеон у бынат, цы ран бавӕрдтой Хуссар Ирыстоны зындгонд гоймӕгты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 5 июл - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы администрацийы хӕрзарӕзтады хайады кусджытӕ бафснайдтой Националон пантеоны территори, фехъусын кодта Sputnik столицӕйы администрацийы пресс-секретарь Коцты Зӕринӕ.

Уый банысан кодта, бригадӕ райсом раджы рахызт кусынмӕ ӕмӕ сихормӕ территори бафснайдтой.

"Мах территори иудадзыг ӕфснайӕм, фӕлӕ кӕцыдӕр ӕмбӕстӕгтӕ барӕй чъизи кӕнынц ӕрдз. Алыран дзы вӕййы бырон. Нӕ кусджытӕ сыстынц райсом 4.00 сахатыл, цӕмӕй мах цӕрӕм сыгъдӕг ӕмӕ хӕрзарӕзтад горӕты", - хъусын кӕны горӕты ЦКХ хистӕр Джиоты Юрийы ныхӕстӕ администрацийы пресс-секретарь.

Горӕты цӕрджытӕ сидынц алкӕцы ӕмбӕстагмӕ дӕр, цӕмӕй кад кӕной искӕй куыстӕн ӕмӕ ма бырон кӕной.

Уавӕр нӕ ивы: Хуссар Иры фӕсивӕдон комитет ауагъта фыццаг экоакци ацы аз

Хуссар Ирыстоны президенты барамындæй 2017 азы июны сарӕзтӕуыд Националон пантеон. Уæд барамынд бафыссынӕй цалдӕр бон раздӕр Дзӕуджыхъӕуы йӕ цардӕй ахицӕн ирон интеллигенцийы ирд минӕвар, зынгӕ ахуыргонд ӕмӕ фыссӕг Джусойты Нафи. Фыццаг Националон пантеоны бавӕрдтой Джусойты Нафийы.

Пантеон, кӕцы хауы паддзахадон историко-культурон объекттӕм, ис Цхинвалы ныгуылӕны кӕроны, Тъбеты хъӕумӕ фӕндаджы рахиз фарс. Раздæр ацы бынаты фæнд кодтой саразын Фыдыбӕстӕйы хъахъхъӕнджыты мысӕнӕн мемориал.