Уавӕр нӕ ивы: Хуссар Иры фӕсивӕдон комитет ауагъта фыццаг экоакци ацы аз

© Sputnik / Natalia AIriyanХуссар Иры фӕсивӕдон комитет ауагъта фыццаг экоакци ацы аз
Хуссар Иры фӕсивӕдон комитет ауагъта фыццаг экоакци ацы аз - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.06.2021
Рафыссын
Ахӕм акцитӕ уагъд цӕуынц ӕрвылаз. Ацы аз уыдон райдыдтой фӕстӕдӕр – фыццаг ссыгъдӕг кодтой Сывӕллӕтты дзуары территори. Фидӕн акци райдайдзӕн ног къуыри Хуссар Ирыстоны Знауыры районы

ЦХИНВАЛ, 24 июн – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитет ауагъта фыццаг экологион акци ацы аз Сывӕллӕтты дзуары территорийыл, радзырдта Sputnik уагдоны сӕрдары хӕдивӕг Гатыгкоты Валентина.

Мæргъиты Ирбег - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.06.2021
Æвзонг натуралистты бæрæгбон банысан кодтам экологион акцийæ – Мæргъиты Ирбег

"Фӕнды мӕ банысан кӕнын, фарон сӕрд мах кӕй ӕфснайдтам ацы ран. Ацы аз, акцийы размӕ, мах ацыдыстыӕм бынат фенынмӕ, ӕмӕ уавӕр нӕ фӕивта - уыд дзы бырӕ бырон" – загъта Гатыгкоты Валентина.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ницы мадзӕлттӕ уромынц адӕмы ӕрдз чъизи кӕнынӕй.

Гатыгкоты Валентина бахахх кодта, ӕрдз чъизи кӕнынӕй бахъахъхъӕнынӕн кӕй хъӕуы сӕвӕрын видеоцӕстдарды камерӕтӕ.

"Цӕст дарын ахӕм адӕммӕ, ивар сӕ кӕнын, гӕнӕн ис сӕ ӕвдисын социалон хызӕгты ӕмӕ телеуынынады дӕр. Дыууӕ-ӕртӕ ахӕм цауы, ӕмӕ эффект фӕзындзӕн", - бафтыдта уый.

Комитеты сӕрдар ма фехъусын кодта, фидӕн экологион акци уыдон нывӕндынц ауадзын ног къуыри – хайадисджытӕ ацӕудзысты Знауыры районмӕ ӕмӕ ссыгъдӕг кӕндзысты Пронейы донбылгӕрӕттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0