Хуссар Иры дарддӕр кусы "тӕвд хахх" коронавирусы фӕдыл

Алыгъуызон информацийы фӕдыл республикӕйы цӕрджытӕн фадат ис бадзурын "тӕвд хӕххытӕм", кӕцытӕ кусынц Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад ӕмӕ Югосетпотребнадзоры дӕлбар
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 8 июл – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕн нырма дӕр фадат ис бадзурын коронавирусы фӕдыл информацийы тыххӕй "тӕвд хаххы" номыртӕм.

Хуссар Иры коронавирусы тыххӕй аивтой "Ирон хъазт" ӕмӕ Ахорӕнты фестиваль

"Тӕвд хаххы" номыр скуыста фарон уалдзӕджы. Уӕд республикӕйы нырма нӕ уыд коронавирусӕй рынчынтӕ, арӕнтӕ уыдысты ӕхгӕд, бӕстӕйы та уыд карантин. Фӕлӕ уӕддӕр адӕм дзырдтой оператормӕ коронавирусы фӕдыл профилактикӕйы тыххӕй, цымыдис сӕ кодта республикӕмӕ ӕрцӕуыны фӕтк дӕр.

"Нӕ "тӕвд хаххы" номыртӕ (810-60-96, 805-88-96) нӕ ӕрурӕдтой сӕ куыст. Цӕрджытӕн фадат ис бадзурын нӕ специалисттӕм коронавирусы профилактикӕйы фарстыты фӕдыл, афтӕ ма ӕндӕр информаци райсыны фӕдыл дӕр", - загъта сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

"Тӕвд хаххы" номыртӕ ис Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады дӕр. Республикӕйы цӕрджытӕн сӕ бон у уырдӕм бадзурын алы фарсты фӕдыл дӕр.

"Министрады ис РБМЦ радгӕсон администраторы номыртӕ (812-03-03), афтӕ ма дзы ис коронавирусон инфекцийы фарсты фӕдыл "тӕвд хаххы" номыр (810-30-97). "Тӕвд хаххы" номыр ис инфекцион хайады дӕр (808-79-48)", - хъусын кӕны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.

Фӕстаг бонты республикӕйы фылдӕр кӕны коронавирусӕй рынчынкӕнынад. Цхинвалы ацыд коронавирусы ныхмӕ тох кӕныны фӕдыл оперативон штабы рабадт, кӕцыйы рӕстӕджы бакодтой цалдӕр арӕнӕвӕрды.