Хуссар Иры Знауыры районы цалцӕг кӕнынц фӕндаг Арӕнгӕрон хъӕумӕ

Арӕнгӕрон цӕрӕг пунктмӕ фӕндаг куы сцалцӕг кӕной, уӕд районы хицауад нывӕнды аскъуыддзаг кӕнын донифтонгадимӕ проблемӕ
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 9 июл — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы коммуналон службӕтӕ бавнӕлдтой фӕндаджы цалцӕгмӕ, кӕцы цӕуы Арӕнгӕрон хъӕумӕ (Ионча).

Хуссар Иры Ленингоры районы арӕзт цӕуынц хъӕутӕм фӕндӕгтӕ ӕмӕ хидтӕ

Районы администрацийы пресс-секретарь Оттаты Алена куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй цӕрӕг пункты цӕры цыппар бинонтӕ – хъӕуы адӕмы бахъӕуы цӕуын сӕ хӕдзӕрттӕм ӕндӕр фӕндагыл, уымӕн ӕмӕ сӕйраг трассӕ ис ӕвзӕр уавӕры.

"Кусджытӕ ныридӕгӕн ныккалдтой хуыр фӕндагыл, кӕцыйы дӕргъ у цыппар километрмӕ ӕввахс. Уый цӕттӕ уыдзӕн эксплуатацимӕ цалдӕр боны фӕстӕ", - банысан кодта пресс-секретарь.

Оттаты Алена бафтыдта, зӕгъгӕ, ӕввахс рӕстӕджы районы хицауад нывӕнды аскъуыддзаг кӕнын донифтонгадимӕ проблемӕ дӕр.