Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой 43 ног рынчыны COVID-19-ӕй

Хуссар Ирыстоны фӕстаг 24 сахаты коронавирусӕй рынчынты нымӕц баххӕст ноджы 43 пациентӕй, ӕдӕппӕт та низы фӕзындӕй фӕстӕмӕ инфекци бахӕцыд 3770 адӕймагыл
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 14 июл - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны фӕстаг суткӕйы дӕргъы коронавирус сбӕрӕг кодтой 43 адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik ӕртыццӕджы республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Хуссар Иры сæйраг инфекционист радзырдта "сырх зонæйы" уавæры тыххæй

Уый банысан кодта, Югосетпотребнадзоры ПЦР-лабораторийы иу суткӕмӕ сарӕзтой 250 тесты COVID-19 рабӕрӕг кӕныны фӕдыл.

"Иу суткӕмӕ коронавирус рабӕрӕг ис 43 адӕймагӕн, медицинон хыгъдӕй систой 15 ӕмбӕстаджы", - загъта Коцты Марина.

Пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ цӕстдардон уагдоны лабораторийы сарӕзтой 25 644 ПРЦ-иртӕсты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй низы уӕвынад равдыстой 3770. Сӕнӕниз сты 3466 адӕймаджы. Ныртӕккӕ медикты хъусдарды бын стационар ӕмӕ амбулаторийы сты 304 пациенты.