Къуаисайы капиталон цалцӕг скӕндзысты централон уынгтӕй иу

Горӕт Къуаисайы бавнӕлдтой централон уынгтӕй иуы капиталон цалцӕгмӕ – йӕ дӕргъ у 980 метры
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 июл — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады (ЦКХ) дӕлхайад бавнӕлдта горӕт Къуаисайы Ленины уынджы капиталон цалцӕгмӕ, фехъусын кодта Sputnik районы ЦКХ хистӕр Цхуырбаты Тамерлан.

Цхинвалы ӕртыккӕгӕм скъола байгом уыдзӕн ног ахуырадон азы райдайӕнмӕ

Куыстытӕ уагъд цӕуынц 2021 азы инвестицион нывӕзты фӕлгӕтты. Заказчик у республикӕйы арӕзтады министрад, куыстытӕй ӕххӕст кӕны Дзауы районы ЦКХ.

Ленины уынджы дӕргъ у 980 метры. Уый у горӕты централон уынгтӕй иу.

"Исӕм зӕронд зӕххцъар, ӕвӕрӕм бордюртӕ, цӕттӕ кӕнӕм тротуарты брусчаткӕ сӕвӕрынмӕ", - загъта Цхуырбаты Тамерлан.

Уый ма бафтыдта, уынджы хӕрзарӕзтад хъуамӕ балхынцъ кӕной ацы аз ноябры, фӕлӕ гӕнӕн ис раздӕр фӕуой куыстытӕ.

Горӕт Къуаисайы 2019 азы сцалцӕг кодтой ӕртӕ уынджы – Хетӕгкаты, Комаровы ӕмӕ Гагарины. Уӕд куыстытӕ ӕххӕст кодта ӕндӕр нардуатон организаци.