Хуссар Ир ракуырдта Уӕрӕсейӕ коронавирусы ныхмӕ вакцинӕйы ног дозатӕ

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады хъусинагмӕ гӕсгӕ, ныридӕгӕн куыст цӕуы, цӕмӕй бынӕттон сертификаттӕ вакцинацийы фӕдыл нымад цӕуой Уӕрӕсейы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 21 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрад Уӕрӕсейӕ ракуырдта коронавирусы ныхмӕ вакцинайы дыууӕ хуызы – "Спутник Лайт" ӕмӕ "Спутник V"-йы фӕйнӕ мин дозӕйы, фехъусын кодтой Sputnik министрады пресс-службӕйы.

Хуссар Иры уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы райдыдта вакцинаци коронавирусы ныхмӕ

Министрады хъусинагмӕ гӕсгӕ, ныридӕгӕн куыст цӕуы, цӕмӕй бынӕттон сертификаттӕ вакцинацийы фӕдыл нымад цӕуой Уӕрӕсейы.

"Хуссар Ирыстон куры коронавирусы ныхмӕ вакцинӕйы дыууӕ мин дозӕйы. Иу мин дозӕ сты "Спутник V", ӕмӕ уый бӕрц "Спутник Лайт" дӕр. Уыдон ӕввахс рӕстӕджы хӕццӕ кӕндзысты республикӕмӕ", - загътой уым.

Хуссар Ирыстоны вакцинаци уадзынц уӕрӕсейаг препарат "Спутник V"-йӕ. Уӕрӕсейаг вакцинӕйы парти "дыууӕ мин дозӕйы" ӕрластой республикӕмӕ апрелы кӕрӕтты, вакцинацийы кампани та райдыдта 3 майы. Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, æдæппæтæй Хуссар Ирыстоны уӕрӕсейаг вакцинӕ "Спутник V" сарӕзтой цыппар сӕдӕйӕ фылдӕр адӕймаджы, сæ нымæцы президент Бибылты Анатолий дæр.