Хуссар Иры сбӕлвырд кодтой 38 ног рынчыны коронавирусӕй иу суткӕмӕ

Республикӕйы ӕдӕппӕт пандемийы рӕстӕджы коронавирусӕй фӕрынчын 3989 адӕймаджы, медикты хъусдарды бын ныридӕгӕн ис 437 пациенты
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 июл — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕ коронавирус сбӕлвырд кодтой 38 адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

"Ивгъуыд суткӕ республикӕйы сарӕзтой 192 тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны нысанӕн. Уыдонӕй 38 адӕймагӕн вирус рабӕрӕг ис. Медицинон хъусдардӕй систой 13 адӕймаджы, кӕцытӕ сӕнӕниз сты. Хъусдарды бын сты 437 рынчыны",- загъта сӕйраг санитарон дохтыр.

Югосетпотребнадзоры бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, республикӕйы ӕдӕппӕт пандемийы рӕстӕг коронавирусӕй фӕрынчын 3989, уыдонӕй 3552 фӕтых сты низыл.

Югосетпотребнадзоры фехъусын кодтой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

Уагдоны ПЦР-лабораторийы сарӕзтой 26 881 иртӕсты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл.

Санитарон уагдоны сидынц ӕххӕст кӕнын коронавирусы апарахаты профилактикӕйы фӕдыл мадзӕлттӕ ӕххӕст кӕнын. Югосетпотребнадзоры кусджытӕ иудадзыг уадзынц рейдон мадзӕлттӕ базарадон объектты ӕмӕ республикӕйы организациты, цӕмӕй басгарой оперативон штабы барфысттӕ куыд ӕххӕст цӕуынц, уый.