Хуссар Ир 2022 азы кӕронмӕ ӕнӕхъӕнӕй рахиздзӕн цифрон телеуынынадмӕ

Абоны бон цифрон фидиуӕн ӕххӕссы республикӕйы территорийы 90 процентыл, ныридӕгӕн кусынц ӕртӕ мультиплексы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 28 июл — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Аналогон телеуыныад Хуссар Ирыстоны йӕ куыст ӕрлӕууын кӕндзӕн 2022 азы, фехъусын кодта йӕ пресс-конференцийы Sputnik бастдзинад ӕмӕ массон коммуникациты комитеты сӕргълӕууӕг Джиголаты Хасан.

Хуссар Ир 2022 азы кӕронмӕ ӕнӕхъӕнӕй рахиздзӕн цифрон телеуынынадмӕ

Цифрон телеуынынад Хуссар Ирыстоны кусы ныр ӕртыккаг аз. Абоны бон цифрон фидиуӕн ӕххӕссы республикӕйы территорийы 90 процентыл, ныридӕгӕн кусынц ӕртӕ мультиплексы. Фыццаг дыууӕйы фӕрцы бакӕсӕн ис 20 уӕрӕсейаг телеканалмӕ, ӕртыккагмӕ та хауынц бынӕттон регионалон ДИФ - ПТРК "Алания", ПТРК "Ир" ӕмӕ "Осетия-Ирыстон".

"Цифрон телеуынынады хыз ӕххӕссы республикӕйы территорийы 92 процентыл, иннӕ астыл нырма кусы аналогон телеуынынад. Мах нӕ хицӕн кӕнӕнм аналогон телеуынынад 2022 азы онг, цӕмӕй адӕмӕн фадат радтӕм балхӕнын сӕрмагонд ифтонгад цифрон фидиуӕнӕн", - загъта Джиголаты Хасан.

Аналогон телеуынынад ахицӕн кӕныны фарс баст у уыимӕ, ӕмӕ йӕ куыстӕн ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ифтонгады хӕйттӕ зын ссарӕн кӕй вӕййынц, банысан кодта уый.

Президент телеуынынады тыххӕй: Хуссар Иры иууыл хъӕугӕдӕр информацион фӕрӕз

"Инвестицион программӕйы фӕлгӕтты 2018-2019 азы республикӕйы арӕзт ӕрцыд цифрон телеуынынады хыз. Уый эксплуатацимӕ лӕвӕрд ӕрцыд аст объектыл - бӕрзӕнд "Паук", Гуфта, Малда, Ахмадз, Къуаиса, Синагут ӕмӕ Цъинагары", - ранымадта комитеты хистӕр.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, цифрон телеуынынадӕй ма абон иппӕрд сты Хъемулта, Цъон, Уанел, Рукъ ӕмӕ къорд ӕндӕр цӕрӕн пункты.

"Ацы хъӕуты дӕр нывӕндӕм 2022 азы онг саразын цифрон телеуынынад. Кӕд ӕхцайы фӕрӕзтӕ рӕстӕгыл райсӕм, уӕд иу азмӕ алцыдӕр сараздзыстӕм", - бахахх кодта Джиголаты Хасан.