Джиголаты Хасан: стационарон телефонтӕ сараздзысты конкуренци бынӕттон провайдертӕн

Фиксацигонд бастдзинад, кӕд ӕй бакӕной, уӕд сараздзӕн конкуренци бынӕттон провайдертӕ "Юг-Телеком" ӕмӕ" Остелеком"-ӕн, банысан кодта Хуссар Ирыстоны бастдзинад комитеты сӕргълӕууӕг Джиголаты Хасан
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 29 июл — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Фиксацигонд бастдзинады хызӕг фылдӕр кӕндзӕн ӕмӕ сараздзӕн конкуренци бынӕттон провайдертӕн, фехъусын кодта Sputnik пресс-конференцийыл Хуссар Ирыстоны бастдзинад ӕмӕ массон коммуникациты комитеты сӕргълӕууӕг Джиголаты Хасан.

Телефонон бастдзинад республикӕйы ныппырх ис 2008 азы августы хӕсты рӕстӕджы. Хӕсты фӕстӕ Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцыдысты уӕрӕсейаг специалисттӕ, кӕцытӕ сцалцӕг кодтой хызӕгты хай. Абоны бон фиксацигонд телефонон бастдзинадӕй пайда кӕнынц 800 абоненты, фылдӕр бӕрцӕй хицауад ӕмӕ алыгъуызон уагдӕттӕ.

"2013 азы фиксацигонд бастдзинады хызӕджы арӕзтадӕн рахицӕн кодтой фӕрӕзтӕ. Фӕлӕ уӕд бантыст бакӕнын куысты ӕрдӕг хай – арӕзтад ӕрурӕдтой, фӕрӕзтӕ та ацыдысты ӕндӕр объекттӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнӕ финансон фӕрӕзтӕй горӕты телефонон бастдзинад сцалцӕг кӕныны куыстытӕ нӕ фесты", - загъта Джиголаты Хасан.

Уый банысан кодта, ацы фарсты фӕдыл кӕй бацӕттӕ кодтой ног проект, кӕцыйы хъӕуы финансты фӕрӕзтӕ.

Джиголаты Хасан: стационарон телефонтӕ сараздзысты конкуренци бынӕттон провайдертӕн

"Бирӕтӕ курынц, цӕмӕй сцалцӕг кӕнӕм стационарон бастдзинад ныллӕг ӕргъты тыххӕй. Фиксацигонд бастдзинад, кӕд ӕй бакӕной, уӕд сараздзӕн конкуренци бынӕттон провайдертӕ "Юг-Телеком" ӕмӕ" Остелеком"-ӕн", - банысан кодта комитеты разамонӕг.

Джиголаты Хасаны ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕхцайы фӕрӕзтӕ куы ӕрбацӕуой ӕмӕ ифтонггарз куы балхӕной, уӕд горӕты егъаудӕр районты райдайдзысты аразын бастдзинады  радиолинитӕ.