Гауыз ӕй равдисдзӕн: Тедеты Дзамболат УФ богалты хайадисты тыххӕй Олимпиадӕйы

Уӕрӕсейаг хъӕбысхӕцджыты фыццаг рахызт Токиойы Олимпиаг хъӕзтыты гауызмӕ ацӕудзӕн 4 августы
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 30 июл – Sputnik, Козаты Диана. Уӕрӕсейы ӕмбырдгонд уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй йӕхи цӕттӕ кӕны Японимӕ атӕхынмӕ Олимпиадӕ-2020 хайадисты нысанӕн. Ӕмбырдгонды сӕйраг тренер Тедеты Дзамболат куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй спортсментӕ хъавынц ӕрхӕссын ӕрмӕстдӕр сыгъзӕрин майдантӕ.

Аст ирон спортсмены хайад райсдзысты Олимпиадӕйы Уӕрӕсейы ӕмбырдгонды сконды

Токиойы олимпиадӕ уагъд цӕуы 23 июлӕй 8 августы онг. Уый нымад у иууыл егъаудӕрыл спорты хуызты нымӕцмӕ гӕсгӕ - 33 ӕмӕ категоритӕм гӕсгӕ - 339. Хайад сӕ исынц 19 мин спортсмены онг. Олимпиадӕ коронавирусы пандемийы тыххӕй цӕуы ӕнӕ фӕсарӕйнаг кӕсджытӕй.

"Ныртӕккӕ стӕм рӕвдзыты Владивостокы. Фӕсивӕд ныридӕгӕн ауагътой контролон тохтӕ, уыдон сты хорз спортивон формӕйы", - банысан кодта Тедеты Дзамболат йӕ интервьюйы Sputnik.

Уый банысан кодта, уӕрӕсейаг хъӕбысхӕцджыты фыццаг рахызт Токиойы Олимпиаг хъӕзтыты гауызмӕ кӕй ацӕудзӕн 4 августы. 

"Гауыз алцыдӕр равдисдзӕн. Богалтӕ развӕлгъау никуы фӕдзурынц, рамбулдзысты ӕви нӕ. Ныфс мӕ ис, нӕ фарсхӕцджыты зӕрдӕтӕ кӕй барухс кӕндзыстӕм", - загъта тренер.

Тедеты Дзамболат ма радзырдта, спортсментӕн кӕй ис серьезон ахаст коронавирусы пандемийы фӕдыл арӕнӕвӕрдтӕ, уыдон никӕимӕ ӕбӕлынц, ӕрмӕстдӕр уадзынц тренировкӕтӕ.

Таймӕзты Мӕдинӕ ссис Токиойы Олимпиадӕйы бронзӕйон призер

"Залӕй дарддӕр никуыдӕм цӕуӕм. Не 'мбырдгонд у бирӕнационалон, уымӕ гӕсгӕ нӕм ӕрбацӕуынц сӕ минӕварады уӕнгтӕ, фӕлӕ, хъыгагӕн абон ахӕм уавӕртӕ сӕвзӕрд, уымӕ гӕсгӕ мах никӕимӕ ӕмбӕлӕм. Дӕттӕм анализтӕ ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм нӕ атахтмӕ", - фехъусын кодта тренер.

Уый раарфӕ кодта Таймӕзты Мӕдинӕйӕн дӕр Олимпион хъӕзтыты йӕ бронзӕйон майданы фӕдыл ӕмӕ банысан кодта, сӕрыстыр кӕй у Ирыстоны фӕсивӕдӕй.

Уыимӕ Тедеты Дзамболат банысан кодта, абоны бон спорты кӕй ис фылдӕр политикӕ политикӕимӕ абаргӕйӕ, уымӕн ирд дӕнцӕг та у Таймӕзты Мӕдинӕйы тох япойнаг спортсменкӕимӕ, цы ран ирон дзюдоисткӕйӕн нӕ банымадтой иу зыгъуытт.