Хуссар Иры ПӔК фехъусын кодтой арӕнхалджыты нымӕцы фӕкъаддӕры тыххӕй

Уагдоны радзырдтой, цас адӕймаджы фехӕлдтой республикӕйы арӕн ивгъуыд мӕй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 12 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон арӕн фехалыны тыххӕй 2021 азы июлы республикӕйы Арӕнгӕрон службӕ ӕрурӕдта 19 арӕнхалӕджы, хъусын кӕны Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты (ПӔК) пресс-службӕ.

Хуссар Иры арӕнхъахъхъӕнджытӕ иу мӕймӕ ӕрурӕдтой 32 арӕнхалӕджы

Арӕнхалджытӕй ӕхсӕз фехӕлдтой паддзахадон арӕны режим, 13 та арӕнгӕрон режим. ПӔК Арӕнгӕрон службӕ алкӕцы цауы фӕдыл дӕр ауагъта равзӕрсттӕ.

"Уый фӕстиуӕгӕн 8 адӕймаджы административон ивар фӕкодтой, дыууӕйы феддӕдуар кодтой РХИ территорийӕ ӕнӕ иварон санкцитӕй, фараст адӕймаджы та бафӕдзӕхстой", - дзырдӕуы уагдоны хъусинаджы.

ПӔК ма банысан кодтой, 24 июлы арӕнхъахъхъӕнджытӕ республикӕйы Знауыры районы ӕрурӕдтой Гуырдзыстоны Карелы муниципалитеты цӕрӕг Леван Гвелисианийы паддзахадон арӕны режим фехалыны тыххӕй. Нӕлгоймаг уыд расыг ӕмӕ ахызт паддзахадон арӕны сӕрты ӕнӕ дырыс нысанӕй.

"Ацы цау равдыста Гуырдзыстоны барадхъахъхъӕнӕг органты ӕнархайд, уый руаджы уыдон фӕзынын кӕнынц сӕ бӕстӕйы цӕрджыты ӕруромын ӕмӕ бӕрндзинадмӕ ӕрбаздахыны тас, афтӕ ма уый тыххӕй парахат кӕны коронавирусон инфекци", - бафтыдтой ПӔК.

Уагдоны зӕрдыл ӕрбалӕууын кодтой, Хуссар Ирыстоны арӕнгӕрон законты фехалыны тыххӕй кӕй ис административон ӕмӕ уголовон бӕрндзинад.