Дзæуджыхъæуы сæхгæдтой БЦ "Столица" æмæ "Алания Молл" маскæйон режим халыны тыххæй

Цæгат Ирыстоны столицæйы æрурæдтой дыууæ базарадон-хиирхæфсæн центры æмæ иу горæттаг базары куыст
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 авг - Sputnik. Дзæуджыхъæуы маскæйон режим халыны тыххæй æхгæд æрцыдысты базарадон центртæ "Столица" æмæ "Алания Молл", хъусын кæны ПТРК "Алания" Цæгат Иры Роспотребнадзоры управленийыл æнцойгæнгæйæ.

Хуссар Иры коронавирусæй амард Ӕхсæнадæмон хыгъдон банчы хистæр

 

Уыцы аххосаджы тыххæй ма æрурæдтой базар "Привоз"-ы куыст дæр. Цæстдардон уагдоны банысан кодтой, арæнæвæрдты систы æмгъуыд кæй аскъуыддзаг кæндзæн тæрхондон.

Цæгат Ирыстоны ис уæззау уавæр коронавирусимæ - фылдæрæй фылдæр кæнынц куыд ног рынчынтæ, афтæ карз низы аххосæй амæлæг æмбæстæгты нымæц дæр. Дыццæджы COVID-19 ахаста 11 адæймаджы цард.

Фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Цæгат Ирыстоны пандемийы райдианæй фæрынчын сты 20 021 адæймаджы, уыдонæй сæнæниз сты 19 124, 542 та хос кæнынц медицинон уагдæтты.