Хуссар Иры коронавирусæй амард Ӕхсæнадæмон хыгъдон банчы хистæр

Вадим Шадяны ном хъуыст у хæрзаудæн куыстæй – уый бирæ хорздзинæдтæ сарæзта Дзауы интернатæн, æххуыс кодта тыхст бинонты сывæллæттæн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 19 авг – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Ӕхсæнадæмон хыгъдон банчы хистæр, хицауады уæнг Вадим Шадян амард коронавирусæй. Дохтыртæ йæ цардыл тох кодтой иу мæйæ фылдæр.

Хуссар Иры сидзæр рауагъдонтæ райстой финансон æххуыс

Шадян уыд бынæттон сомихæгты диаспорайы уæнг, кодта хæрзаудæн куыст, æххуыс кодта сидзæр сывæллæттæн. Йæ дæлбар уыд Дзауы скъола-интернат, уый сцалцæг кодта бæстыхай зынгирвæзты фæстæ.

Ног ахуыры азмæ ӔХБ æххуыс кодта æххуысхъуаг бинонты зæнæгæн.

Социалон хызæгты Шадян Вадимы зонгæтæ æмæ хиуæттæ фыссынц тæфæрфæсы ныхæстæ.