Уарзты ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ сабырады арфӕтӕ: Цхинвалы банысан кодтой УФ тырысайы бон

Бӕрӕгбонон мадзалы фӕлгӕтты ацыд акци "Ныв асфальтыл", кӕцы нывонд уыд Уӕрӕсейы тырысайы бонӕн
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 22 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвал банысан кодта Уӕрӕсейы тырысайы бон. Столицӕйы кафетӕй иуы фӕзуатыл ацыд бӕрӕгбоны цытӕн мадзӕлттӕ.

Райдайӕны айзӕлд УФ паддзахадон гимн, организатортӕ раарфӕ кодтой ӕрӕмбырдуӕвӕг адӕмӕн.

Уарзты ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ сабырады арфӕтӕ: Цхинвалы банысан кодтой УФ тырысайы бон

Мадзалы сӕйраг пункттӕй иу - "Ныв асфальтыл" цыд сывӕллӕтты хайадистӕй. Хуызджын ахорӕнтӕй уыдон ныв кодтой Уӕрӕсейы. Арӕхдӕр уый сӕ хъуыдыйы уыд тырысайы хуызӕн, чи йӕ уыдта хурӕй, чи та йӕ ныв кодта картӕйыл, аннӕтӕ та фыстой уарзондзинады ныхӕстӕ.

Хетӕгкаты Дианайы Уӕрӕсе уыд сырх зӕрдӕйы хуызы.

"Ӕз сныв кодтон ме 'нкъарӕнтӕ, кӕй уарзын Уӕрӕсейы. Фыццагдӕр уымӕн ӕмӕ уый ӕрцыд ӕххуысмӕ 2008 азы. Стӕй мӕ зӕрдӕмӕ цӕуынц се 'гъдӕуттӕ ӕмӕ сӕ хъӕбатырдзинад 1945 азы", - радзырдта Sputnik чызг.

Мадзалы аннӕ уазӕг Хъотайты Вероника ныр дыккаг аз у ацы мадзалы архайӕг. Уый фӕрцы базыдта, Уӕрӕсейы тырысайӕ дарддӕр ноджы дыууӕ бӕстӕйы тырысатӕ.

Уарзты ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ сабырады арфӕтӕ: Цхинвалы банысан кодтой УФ тырысайы бон

"Фарон дӕр фӕцыд мӕ зӕрдӕмӕ Уӕрӕсейы тырысайы бон. Зонын ма Уӕрӕсейы тырысайӕ дарддӕр ис Китайы сырх тырыса ӕмӕ Цхинвалы (ирон) урс, сырх ӕмӕ бур хуыз тырыса", - радзырдта Вероника.

Мадзалы кӕрон архайджытӕм ӕнхъӕлмӕ каст лӕвӕрттӕ ӕмӕ адджинӕгтӕ.

Уӕрӕсейы тырысайы боны цытӕн мадзал бацӕттӕ кодта Россотрудничествойы минӕварад ӕмӕ Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгты цӕдис кафе Винченцойы ӕмархайдӕй.

Уарзты ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ сабырады арфӕтӕ: Цхинвалы банысан кодтой УФ тырысайы бон