Дзау ӕмӕ Къуайсайы медиктӕн радтой хорзӕхтӕ коронавирусимӕ тохы тыххӕй

Амӕйразмӕ паддзахадон хорзӕхтӕ пандемийы рӕстӕджы куысты тыххӕй радтой республикон медцентр ӕмӕ Югосетпотребнадзоры кусджытӕн, афтӕ ма волонтертӕн, кӕцытӕ куыстой "сырх зонӕйы"
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан радта Дзауы районон рынчындон ӕмӕ горӕт Къуайсайы рынчындоны кусджытӕн майдантӕ "COVID-19 пандемийы ныхмӕ тохы тыххӕй", хъусын кӕны уагдоны пресс-службӕ.

Бирӕты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцӕудзӕн: Хуссар Иры ӔХМ оргструктурӕйы реорганизацийы тыххӕй

"Президенты фӕдзӕхстӕй, Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр радта паддзахадон хорзӕхтӕ коронавирусон инфекцийы ныхмӕ тохы тыххӕй Дзауы районон рынчындон ӕмӕ горӕт Къуайсайы рынчындоны кусджытӕн", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Амӕйразмӕ паддзахадон хорзӕхтӕ радтой медиктӕн, кӕцытӕ тох кодтой коронавирусимӕ республикон медцентры Цхинвалы, афтӕ ма Югосетпотребнадзоры кусджытӕн. Медицинон кусджытӕн ӕххуысы тыххӕй майдан райстой волонтертӕ, кӕцытӕ куыстой республикӕйы столицӕйы "сырх зонӕты".