УФ экономикон райрӕзты министрады делегаци бабӕрӕг кӕндзӕн объекттӕ Цхинвал ӕмӕ Къуайсайы

Знон уӕрӕсейаг уагдоны минӕвӕрттӕ хайад райстой кусӕгон рабадты Хуссар Ирыстоны премьер-министр Бекъойты Геннадийы къухдариуӕгады бын
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 24 авг - Sputnik. Уӕрӕсейы экономикон райрӕзты министрады минӕвӕрттӕ бабӕрӕг кӕндзысты Инвестпрограммӕйы объекттӕ Цхинвал ӕмӕ Къуайсайы, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны хицауады пресс-службӕ.

Арӕзтады министр радзырдта, цавӕр объекттӕ араздзысты 2021 азы Хуссар Иры

Мӕскуыйаг делегаци ис республикӕйы кусӕгон балцы, 23-ӕй 25-ӕм августы онг. Йӕ сконды сты Уӕрӕсейы экономикон райрӕзты министрады сӕрмагонд программӕтӕ ӕмӕ проектты департаменты директор Виталий Гудин, йӕ хӕдивӕг Антон Мельник, Уӕрӕсейы таможнӕйон службӕйы сӕйраг специалист-эксперт Хуссар Ирыстоны Олег Семашко ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Делегацийы уӕнгтӕ уыдысты Дзауы районы, цы ран бабӕрӕг кодтой объекттӕ, кӕцытӕ арӕзт цӕуынц Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты. Афтӕ ма знон уӕрӕсейаг уагдоны минӕвӕрттӕ хайад райстой кусӕгон рабадты Хуссар Ирыстоны премьер-министр Бекъойты Геннадийы къухдариуӕгады бын.

"Инвестпрограммӕйы реализаци у республикӕйы райрӕзты иууыл ахсджиагдӕр здӕхт. Мах уырны, ацы азы программӕ рӕстӕгыл ӕмӕ гъӕдджынӕй ӕххӕст кӕй ӕрцӕудзӕн, аскъуыддзаг кӕндзысты бюджетниктӕ ӕмӕ паддзахадон службӕгӕнджыты мыздтӕ фӕфылдӕр кӕнын фарст дӕр. Мах бузныг дзурӕм нӕ уӕрӕсейаг коллегӕтӕн республикӕйы социалон-экономикон райрӕзтӕн ӕххуысы тыххӕй", - загъта Бекъойты Геннадий.

Виталий Гудин банысан кодта, кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы пайдаджын ӕмгуыстад ӕмӕ эффективон ӕмархайдмӕ.