Черчесты Станислав æрлæудзæн дунейы æмбырдон командæйы сæргъы

Номдзыд футболон тренер отставкæйы æрвыст æрцыд 8 июлы Уæрæсейы æмбырдгонды сæйраг тренеры бынатæй
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 авг — Sputnik. Зындгонд футболон специалисттæ Черчесты Станислав æмæ Йоахим Лев æрлæудзысты дунейы ветеранты æмбырдон командæйы сæргъы Австрийы турнир Star Reviva-йы, хъусын кæны 15 регион.

Ноджы дыууæ азы: Черчесты Станиславæн æнхъарынц контракт адарддæр кæнын

"Ерысты ма архайдзысты клуб "Бавария"-йы, скæсæн æмæ ныгуылæн Австрийы æмбисонды хъазджытæ. Фæзмæ рацæудзысты ахæм футболисттæ, куыд Лотар Маттеус, Джованни Элбер, Клаус Аугенталер, Отто Конрад, Лука Тони",- дзырдæуы хъусинаджы.

Черчесты Станислав отставкæйы æрвыст æрцыд 8 июлы. Уæрæсейы командæйы сæргъы æрлæууыд 2016 азы. Йæ разамындæй Уæрæсейы æмбырдон командæ бахæццæ 2018 азы дунейы хæдзарон чемпионаты кæронбæттæны цыппæрæм хаймæ.