Цӕгат Иры коронавирусӕй амардысты ноджы фараст адӕймаджы

Бон раздӕр республикӕйы коронавирусы амӕттӕгтӕ баисты 18 адӕймаджы – максимум пандемийы райдайӕнӕй. Фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 20 528 онг
Sputnik

ЦХИНВАЛ, 25 авг — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны иу суткӕмӕ коронавирусӕй амардысты фараст адӕймаджы. Фӕмардуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 424 онг. Афтӕ ма ивгъуыд суткӕ сбӕрӕг кодтой 70 ног рынчыны коронавирусӕй. Уый тыххӕй хъусын кӕны республикӕйы Роспотребнадзоры пресс-службӕ.

Дзау ӕмӕ Къуайсайы медиктӕн радтой хорзӕхтӕ коронавирусимӕ тохы тыххӕй

Пандемийы райдайӕнӕй республикӕйы коронавирус бахӕцыд 20 528 адӕймагыл. Медицинон уагдӕтты хоскӕнынад цӕуынц 495 адӕймаджы, 19 609 пациенты сӕнӕниз сты.

Дунейы бӕстӕтӕй COVID-19 кӕм тынгдӕр апарахат ис, уыцы рейтингы Уӕрӕсе ахсы цыппӕрӕм бынат АИШ, Инди ӕмӕ Бразилийы фӕстӕ. Дунейы коронавирусӕй ӕдӕппӕт фӕрынчын сты 213 167 989 адӕймаджы, уыдонӕй 4 452 460 адӕймаджы амардысты.