Хуссар ӕмӕ Цӕгат Иры минӕвӕрттӕ иумӕ банысан кӕндзысты Джеры дзуары бон

Егъау динон бӕрӕгбон ацӕудзӕн Джеры кувӕндоны цур рагон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ - ам тобӕгонд уыдзысты карз нозттӕ, фӕсивӕд бацӕудзысты спортивон ерысты, дзуары дӕлвӕз суыдзӕн хъазты фӕзуат
Sputnik
ЦХИНВАЛ, 1 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Джеры дзуары бон фыццаг хатт банысан кӕндзысты Ирыстоны хуссар ӕмӕ цӕгаты минӕвӕрттӕ иумӕ, фехъусын кодта Sputnik организатортӕй иу Бететы Юрий.
Хуссар Иры сцалцӕг кӕндзысты фӕндаг Джеры дзуармӕ
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ахӕм цау историйы у фыццаг хатт. Уымӕй размӕ динон бӕрӕгбонтыл иумӕ ӕмбӕлдысты ӕрмӕст Реком, Хетӕг ӕмӕ ӕндӕр сыгъдӕг бынӕтты.
"Фыццаг хатт банысан кӕндзыстӕм. Хъӕппӕрис равдыстой нӕ цӕгаттаг ӕфсымӕртӕ. Бзыкъаты Таймураз размӕ ракодта хъуыды. Семӕ ӕрхӕсдзысты кусарт - гал, бӕгӕны ӕмӕ кувинӕгтӕ. Мах авд азы цӕуӕм Рекоммӕ, 20 азы дӕргъы та Хетӕджы бынмӕ", - загъта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый фыццаг рады у иудзинад ӕмӕ хӕларады ӕвдисӕн.
"Ӕфсымӕр йе фсымӕримӕ куы цӕуа, уымӕй хуыздӕр цы ис. Бафӕдзӕхсдзыстӕм нӕхи, сараздзыстӕм хъазт. Фӕсивӕд сӕхи фӕлвардзысты хъӕбысӕйхӕцынӕй ӕмӕ ӕрмхӕстӕй", - бафтыдта уый.
Джеры дзуар нымад цӕуы Хуссар Ирыстоны стырдӕр кувӕндӕттӕй иуыл. Йӕ кувӕн къуыритӕ райдайдзысты 5 сентябрӕй.